«Аксиос» – Трамп 6-æм ноябры телефонон ныхасы рæстæджы Зеленскийæн расидтис, цæмæй Украинæйæн баххуыс кæндзæн, Илон Маск ныхасмæ баиу ис æмæ ныфс бавæрдта, Украинæйæн баххуыс кæндзæн «Старлинкы» спутниктæй
Президентон æвзæрстыты уæлахиздзинадæй чысыл фæстæдæр, 6-æм ноябры, АИШ-ы æвзæрст президент Дональд Трамп æмæ Украинайы президент Владимир Зеленскийы æхсæн телефонон ныхас сырæзт.
«Аксиосы» информацийæ, Дональд Трамп Владимир Зеленскийæн ныфс бавæрдта, цæмæй Украинæйæн баххуыс кæндзæн, кæд æмæ лыстæгдзинæдтæ нæ конкрет кодта.
Публикацийы информацийæ, Трамп æмæ Зеленскийы æхсæн ныхас, кæцы 25 минуты дæргъы уыд, америкаг миллиардер Илон Маск дæр баиу ис, кæцы йæ рады ныфс бавæрдта Украинæйæн баххуыс кæнын «Старлинкы» спутниктæй.
Axios-ы информацийæ, Зеленский æнкъардта, ныхас хорз кæй цыд æмæ уый Трампы уæлахизы тыххæй йæ тыхстдзинадмæ кæй нæ бафтаудзæн. Иу æрмæг загъта, зæгъгæ, ныхас «Зеленскийы нæ ныууагъта ныфссастдзинады æнкъарæнтимæ».