Ахуыргæндты аргълæвæрдæй, Бейруты стынд  Хиросимайы  цы атомон бомбæ æрыппæрстой  уый хъомысы   10%-ы  эквивалентон уыд
Ахуыргæндты аргълæвæрдæй, Бейруты стынд Хиросимайы цы атомон бомбæ æрыппæрстой уый хъомысы 10%-ы эквивалентон уыд

Бейруты æрцæугæ  стынд, Хиросимайы  дыккаг дунеон хæсты  рæстæджы цы атомон бомбæ æрыппæрстой  уый хъомысы   10%-ы  эквивалентон уыд.  Ахæм аргъ скодтой  бритайнаг  ахуыргæндтæ  Шеффилды  Университетæй, 2 750  тоннæ  амонийы нитраты  стынды  тыхæн.

«ВВС» ахуыргæндтыл æнцойæ  куыд фыссы  афтæмæй,   уый  æцæгдæр иуæй-иу  сегасдæр тыхджын   æнæатомон  стынд уыд дунейы.

Ливаны сахар Бейруты  наулæууæны цур 4  августы   æрцыд  стынд.  Фæдагуырды  развæлгъау информацийæ,   стынды  аххос  ссис  амонийы нитраты  фæстауæрц, кæцы æвæрæны  æдасдзинады  нормæтæм æнæмбæлонæй   уыдис вæрд.