Ахсæв,  мæй  æххæстæй баталынг уыдзæн
Ахсæв, мæй æххæстæй баталынг уыдзæн

Абон 27  июлы  зæххыцъары  цæрджыты   фылдæрæн сæ  бон бауыдзæн  мæйы  æххæст баталынг.

Баталынг райдайдзæн  21:14 сахатыл Тбилисы рæстæгæй  æмæ   зындзæн  Гуырдзыстоны æппæт территорийыл.  Абоны  фæзынд уымæй  дæр хицæн кæны  æмæ,  дарддæр кæндзæн  сегасæй   фылдæр  рæстæг,   21  æнусы  цы мæйдалынгтæ уыдон æппæтимæ абаргæйæ.

Зæххы  æмбæлццон  бацæудзæн планетæ Зæххы  аууонмæ,  цæй тыххæй  дæр  Мæйы  хуыз  суыдзæн  сырхгомау.

Баталынгы период аххæсдзæн  1 сахат æмæ 43  минуты.

Иннæ  ахæм  баталынг  сырæзздæн   2025 азы,  фæлæ  аххæсдзæн къаддæр рæстæг –  1 сахат æмæ 22 минут.