Ахондроплазийæн хосгæнæн медикамент «Восоритид» Гуырдзыстонмæ æрластой
Ахондроплазийæн хосгæнæн медикамент «Восоритид» Гуырдзыстонмæ æрластой. Фæнысангонды фæдыл информаци Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн æнæнизхъахъхъæды министрады сбæлвырд кодтой.
Ныййарджыты информацийæ, критикон хъæуындзинадмæ гæсгæйæ, фыццаг этапыл, медикамент ахондроплазийы диагноз кæмæн ис ахæм цыппар сывæллон райсдзæн. Хос этапгай райсдзысты иннæ сывæллæттæ дæр.
Ныйарджытæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй, медикаментæй пайда кæнын цæудзæн бирæпрофилон, педиатрион стационарон уагдæтты æмæ уый тыххæй æвзæрст уыд Иашвилийы номыл клиникæ. Процессæн къухдариуæг кæндзæн клиницисты мультидисциплинон бал. Ныйарджыты хъусинагæй, дунейы куыд у апробиргонд, афтæ иу мæйы фæстæ медикаменты хæдзары уæвгæйæ сывæллæттæн сæхæдæг сараздзысты.
Паддзахады æрдгæй медикамент «Восоритиды» балхæды размæ, ахондроплазийы диагноз кæмæн ис ахæм сывæллæтты ныййарджыты цалдæрмæййон протестон акцитæ цыд. Протесты фæдыл паддзахад ауагъдта æнæиу ивддзинад – ахондроплази бахаста стæм низты номхыгхмæ, æрмæст пациенттæн амалхъомдзинад цух уæнгы статус сбæрæг кодта. Уый фæстæ æнæнизхъахъхъæды министрад ахондроплазийы низæн хоскæныны националон протокол бакуыста æмæ иуæй-иу хосæй медикамент «восоритид» ныффыста. Бæлвырд бæрæг нæу цы сусммæтимæ у баст ахондроплазийæн хоскæнын, фæлæ бæрæг у æмтгæй райсгæйæ, стæм низты хоскæнынæн афæдзон бюджет æмæ уый у 34 милуан лари.