Ахалкалакы æнæхъæн æхсæвы дæргъы барадхъахъхъæнджытæ уыдысты мобилизацигонд [видео]
Ахалкалакы æрцæугæ марындзинады æмæ инцидентты тыххæй, кæцыты расайдта фæнысангонд фыдракæнд, æнæхъæн æхсæвы дæргъы мобилизацигонд уыдысты барадхъахъхъæнджытæ.
Æхсæвæй бонмæ цыдысты фæдæвзарæн мадзæлттæ.
Ахæлиу ис информаци, инциденты рæстæджы фæцæфуæвджыты фæдыл, фæоæ горæты госпиталы журналистты фарстæн дзуапп нæ раттой.
Ахалкалакы марындзинад æрцыд 8 августы. Æхсæнгарзæй фехстой 30 азы онг кары нæлгоймагы. Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн МХМ-ы пресс-куысты куыд фехъусын кодтой афтæмæй, æрцæугæйыл фæдæвзарæн райдыдта тугтæрхоны барады кодексы 108(барæй марындзинад» æмæ 236-æм ( æхсæнгарз æнæзакъононæй балхæд-бавæрын) статитæй.
Бынæтонты дзырдæй, зæгъгæ Ахалкалакы æрцæугæ марындзинад цалдæразон конфликты фæстиуæг у.
Марындзинады фæстæ 8 августы изæры, Ахалкалакы уавæр фæкарз ис, цæй тыххæй дæр барадхъахъхъæнджыты мобилизаци бахъуыд.
Самцхе-Джавахеты губернатор Бесик Амиранашвили хъусын кæны, цæмæй фæмардуæвæгы æмхъæуггæгтæ Ахалкалакы æнхъæлцау марæгы хæстæджыты æнæзмæлкъæ мулк – фысымуат æмæ хæдзары басыгъдтой. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, уавæры ситуацийы ацырæстæгмæ контрол кæны пъæлицæй. «Æз куыд зонын афтæмæй, ацы криминалон цау нæ дæр политикæимæ æмæ нæдæр этникон бындурыл нæ уыд» – хъусынк æны Бесик Амиранашвили.