Ахалгоры муниципалитеты сæрдар – Татунашвилийы марды æрласт æмæ Куташвили æмæ Павлиашвилийы æссæрибармæ цыбыр рæстæджы æнхъæлмæ кæсæм
Ахалгоры муниципалитеты сæрдар – Татунашвилийы марды æрласт æмæ Куташвили æмæ Павлиашвилийы æссæрибармæ цыбыр рæстæджы æнхъæлмæ кæсæм

Ахалгоры муниципалитеты сæрдар – Татунашвилийы марды æрласт æмæ Куташвили æмæ Павлиашвилийы æссæрибармæ цыбыр рæстæджы æнхъæлмæ кæсæм

Арчил Татунашвилийы марды æрбаласт æмæ Леван Куташвили æмæ Павлиашвилийы æссæрибармæ æнхъæлмæ кæсæм – уый фæдыл Ахалгоры муниципалитеты сæрдар  нугзар Тиникашвили фыццаг къаналы журналистæн расидтис.

«Хицауады активон архайдтытæй марды æрласт æмæ ахстгондты æсæсрибармæ цыбыр рæстæджы æнхъæлмæ кæсæм. Интенсивон куыст цæуы. Ацы рæстæгмæ конкретон датæ нæ зонæм фæлæ цыбыр рæстæджы æнхъæлмæ кæсæм снысангонд хъуыдтагы сыххæстмæ» -сиды Тиникашвили.

ПÆК – дэ-факто хицауад расидтис, цæмæй Арчил Татунашвилийы мæлæты  аххосаг зæрдæйы фæхъызт уыд

Окупиргонд Цхинвалы дэ-факто хицауады сидынц, цæмæй æнæзакононæй ахстгонд Арчил Татунашвилийы мæлæты аххосаг зæрдæйы фæхъызт уыд – снысангонды фæдыл  ПÆК –ы расидтысты.

Банысанагонды фæдыл æнæмæнг у æппæтдунеон организациты æмæ Женевайы бадзырдты бæрнонты принципон реагирдзинад. ПÆК аргълæвæрдмæ, афтæ дæр принципонæй нысаниуæгджын у, Самхараулийы эксперттты бынатмæ бацыд, цæмæй æрцæуа мардгонды басгæрст. Уый фæдыл окупиргонд Цхинвалы бæрнонтæ нæйы расидтысты.

ПÆК – Арчил Татунашвилийы марды фæдыл æнæмæнг у æппæтдунеон организациты æмæ Женевайы бадзырдты хайадисæгты реагирдзинад

ПÆК окупиргонд територийыл Арчил Татунашвилийы мæлæты фактыл расидæн парахат кæны.

ПÆК-ы информацийæ, 2018-æм азы 22 февралы окупиргонд Цхинвалы бæрнонтæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ Арчил Татунашвили, Леван Куташвили æмæ Иосиф Павлиашвилийы æнæзакононæй æрцахстой.

«Информацион фæрæзты рапарахат ис информаци, цæвиттонæй Арчил Татунашвили 23-æм февралы окупиргонд Цхинвалы рынчындоны фæмард. ПÆК-ы тæвд хаххы æрбадæттæгтæм гæсгæ, дэ-факто хицауад æмæ Уæрæсейы окупацион тыхты æрдыгæй, категорионæй æркуырдтой Арчил татунашвилийы марды æмæ иннæ уæнгты ахсты фæдыл информаци.