Акцийы хайадисджытæ депутат Реваз Арвеладзейæн парламентмæ бацыды фадат нæ раттой [видео]

11:27, 18.11.2019

Закъондæттæг  органы  цур цæугæ  акцийы  хайадисджытæ   фракци  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  уæнг,  депутат  Реваз Арвеладзейæн,  Гуырдзыстоны  парламентмæ  бацæуыны  фадат нæ раттой.

Реваз Арвеладзе  ацы рæстæгмæ  нырид  уадзы  территори. Уыйы  акцийы  хайадисджытæ   цагъайрагæй  хуыдтой æмæ йыл æхсисгæнгæйæ  сырдтой.

Акцийы  хайадисджытæ   Реваз Арвеладземæ æсидтысты,  ныууадза  парламентон фылдæрты  хай.   Афтæдæр æй  æркуырдтой дзуапп,  цæмæн фæкъуыхцы кодта  «Гуырдзиаг Бæллицц»  халæппæрстыл,  пропорцион æвзæрстытимæ баст  конституцион ивдтытæ.

Парламенты  бацæуæнтæ акцийы  хайадисджытæ   пикет кæнынц.

Хуыздæр