Акцийы хайадисджытæ, 9 апрелы мемориалыл дидингуытæ сæвæрдтой - [фото/видео]

Парламенты  раз æрымбырдуæвæг  акцийы  хайадисджытæ, 9 апрелы   фæмардуæвджыты  мемориалыл дидингуытæ  сæвæрдтой.

Акцийы   хайадисджыты  ныхæстæм гæсгæ,  зноны   фидиуæнтæ,  ома  уыдон  зæгъгæ мемориалы  сæрыл  кафгæ  кодтой  æмæ уымæй съæстæ кодтой  мемориал –  абсурдон у.

«Кад кæнæм  нæ  хъайтарты нæмттæн. Зноны  ацы ран   кафт  схъæстæйыл чи банымадта уыдонæн  мæ  фæнды бакой кнын, цæмæй  9 апрелы дæр  заргæ æмæ кафгæйæ  рацыдысты  æфсадæн йæ размæ  æмæ   уырнæг стæм,  цæмæй  знон  ам куы  уыдаиккой,  уæд  уыдон  кафыдаиккой» –  хъсын кæнынц   акцийы  хайадисджытæ.

Афтæма, парламенты  цур уагъд цæуы  контракци,  кæцыйы  хайадисджытæ  фæнысангонд архайд  спротест кодтой, фæлæ  полици  бацархайдтой, цæмæй  «Урс Хъæлæбайы Змæлд» акцийы хайадисджытæ дидангуытæ бахастаиккой  мемориалмæ.

Дысон парламенты цур   хъуыстис  музыкæйы  зæл  æмæ акцийы  хайадислджытæ  кафыдысты.