Сæйраг сахары ноджы иу протестон митинг уадзынц æртæ опозицион коалицийы лидертæ æмæ сæ фарсхæцджытæ. Ацы рæстæг æмбырд кæнынц Сæрибары фæзы. Домæн æнæивгæйæ баззад – ногæй æвзæрстытæ ауадзын.
Лидертæ нæ хъавынц парламентмæ бацæуын æмæ æнæрлæугæ протест расидын.