Акæнæг америкаг университет Webster University – Гуырдзыстонмæ æрбацæуы
Акæнæг америкаг университет Webster University – Гуырдзыстонмæ æрбацæуы

Акæнæг   америкаг   университет,   æхсæнадæмон  ахуырады   лидер вебстер (Webster University) регионы фыццаг къампусы, Гуырдзыстоны, «Силикон Велли Тбилис»-ы  территорийыл байгом  кæндзæн,  цы ран бæстæйы   сеппæтæй  цырдæй   рæзгæ  æмæ  инновацион   уæллаг ахуыргæнæндон – бизнесы  æмæ технологиты  университет  (BTU)  ис, – уый тыххæй информаци хъусын кæны, бизнесы æмæ технологиты  университеты пресс-куыст.

Афтæдæр сæ хъусинагæй,   вебстеры   къампустæ  ис   Дунейы   æндæр æмæ æндæр   бæстæты,  сæ нымæцы  Нидерландты,  Австрийы, Швейцарийы  æмæ   Грецийы.

«Вебстеры университеты   регионмæ æрбацыд,  фæсивæдæн ратдзæн фадат, 2021 азæй  америкаг   ахуыр æмæ  диплом  Гуырдзыстоны,  бæстæйæ æнæацæугæйæ  райсын.  Бизнесы æмæ  технологиты  университеты  инновацион программæтæ æмæ  æхсæнадæмон  стандарттæм æмбæлгæ  бацæттæйы   программæ,  бæрзонд гъæд æмæ  ахсджиаг партнертæ,  фидар технологион  базæ,  бæрзондтехнологион  лабораторитæ, арæзт  экоситемæ,  – адон сты  уыцы нысæнтты  хай, кæцыты тыххæй  америкаг  университет, йæ  æвзæрст  баурæдта   бизнесы æмæ  технологиты  университеты æмæ  «Силикон Велли Тбилис»-ыл»,   – банысангонд у ахæлиугонд  информацийы.