АИШ-ы Уæрæсейы минæвар – АИШ никуы уыдис интересджын сабырдзинад сфидар кæнынæй
АИШ никуы уыдис интересджын сабырад сфидар кæнынæй, – уый фæдыл АИШ-ы Уæрæсейы минæвар Анатоли Антонов райхъусын кодта.
«Вашингтон цæхгæр фæкарз кодта ахаст дыууæ нысаниуæгджын фарстайыл. Дзырдæуы «F-16»-ы типы бырсæг хæдтæхджыты Киевæн адæттынмæ цæттæдзинадыл æмæ æнæуæлдайныхас разыдзинад Хъырымыл америкаг æмæ æндæр ныгуылæйнаг хæцæнгарзæй спайдайæ бырстыл. Ахæм къахдзæфтæ ноджы иу æвдисынц, цæмæй АИШ никуы уыдис интересджын сабырдзиадæй», – банысан кодта Антонов.
Уæрæсейы минæвары дзырдæй, Хъырыммæ бырсты Мæскуы æркæсдзæн «куыд бырст Уæрæсейы Федерацийы кæцыфæнды æндæр территоримæ бырсты».
Уæдмæ АИШ президент Джо Байден Японийы горæт Хиросимайы уагъд «Стыр Авды» саммитыл Украинайы президент Володимир Зеленскийæн загъта, цæмæй Иугонд Штаттæ, йæ æмцæдисонтимæ иумæ, райдайдзæн украинаг тæхджыты бацæттæ кæнын, уый нымæцы F-16-ы куынæггæнджытæй архайыны æрдгæй.