АИШ-ы сенаты æддæ ахастыты  комитет Уæрæсейы  ныхмæ  тызмæг санкцитæн сфидар кæныны фæдыл  закъонопроектимæ сразы ис, документы ныхас ис Гуырдзыстоны тыххæй дæр
АИШ-ы сенаты æддæ ахастыты комитет Уæрæсейы ныхмæ тызмæг санкцитæн сфидар кæныны фæдыл закъонопроектимæ сразы ис, документы ныхас ис Гуырдзыстоны тыххæй дæр

АИШ-ы сенаты   æддæ  ахастыты  комитет  йæ  фарс  рахæцыд  закъонопроектæн,  кæцы Уæрæсейы  ныхмæ  тызмæг   санкциты  сфидар кæнын дары  йæ  хъуыдыйы.  Инициргонд   мадзæлттæ  «зындоны санкцитæй»  номдзыд  сты.  Документы мидæг дзырдæуы  Гуырдзыстон æмæ Украинайы  тыххæй.

Фæнысангонд  скуыддзагæн  Республикæгты  контролгонд   кмомитеты  17 уæнг   рахæцыдысты  йæ фарс, фондзæй  та  йæ  ныхмæ  схъæлæс кодтой.  Ныхмæ чи схъæлæс кодта уыдоны нымæцы  ис комитеты  сæрдар   республикаг  Джим Риш.

Нырмæ  бæрæг нæу,  кæд сыппардзысты  хал  сенаты   пленарон  рабадтыл.  Президентимæ  къухбафыссынæн арвитыны онг  документæн Конгрессы   дыууæдæр  палатæ хъуамæ  схъæлæс кæной.

Сенаты   æддæ ахастыты  комитеты  бæлвырд   закъонопроекты  номхуынд у «Америкаг  æдадсзинад  Кремлы  агрессийæ  баиргъæвды 2019  азы  акт» (Defending American Security from Kremlin Aggression Act of 2019, DASKA). Йæ инициатортæ сты Республикаг   сенатор  Линдси  Гремм  æмæ  демократ  сенатор  Боб Менендес. Закъонопроект Дональд  Трампмæ сиды  Мæскуыйы   ныхмæ   тызмæг  мадзæлттæ райстмæ,  АИШ-ы  æвзæрстыты   æнхъæлцау  хифæкæнды, Украинайы  ныхмæ  агрессийы æмæ   Сирийы  хæсты хайады  тыххæй.   Документ  йæ хъуыдый  дары   санкцитæ  Уæрæсейы паддзахадон хæсы,  киберсферæйы, энергосекторы  æмæ   банкъон сферæйы  ныхмæ.

Документмæ  гæсгæ,  АИШ-ы   президент  æргомæй  хъуамæ  баздæха  Уæрæсемæ,  цæмæй   Хъырым  æрыздаха  Украинайæн,  баурома  проуырыссаг   тыхтæ  цы  тыхми кæнынц   уымæн   æххуыс   Скæсæн Украинайы,  баурома  оккупаци   æмæ    Уæрæсейы  къухдариуæгæй   архайæг  тыхтæн æххуыс  Гуырдзыстоны æмæ   Молдовæйы территорийыл.