АИШ-ы  Сенат, 2020 азы хъахъхъæнынады бюджет сбæлвырд кодта, кæцыйы мидæг  ныхас ис Гуырдзыстонæн  æххуысы  тыххæй
АИШ-ы Сенат, 2020 азы хъахъхъæнынады бюджет сбæлвырд кодта, кæцыйы мидæг ныхас ис Гуырдзыстонæн æххуысы тыххæй

АИШ-ы  Сенат  2020  азы   хъахъхъæнынады  бюджет сфидар кодта. Закъонопроектимæ сразы сты   88  сенаторы.   Йæ ныхмæ  схъæлæс  кодтой   астæй.

АИШ-ы  2020  азы  хъахъхъæнынады   бюджет  738  миллиард доллар у.  658  миллиард  доллары,  хъахъхъæнынады  департаменты  æмæ  энергетикæйы   департаменты  национ  æдадсзинады   программæтыл  бахардз уыдзæн.   71,5 миллиард  доллар та  фæсарæнты  уадзгæ операцитæ  уыдзæн рахицæнгонд.
«АИШ-ы  национ  хъахъхъæнынады авторизацийы   акты»  АИШ-ы  хъахъхъæнынады департаменты  бюджеты   приоритеттæ  сты   фыст.   Документы мидæг афтæдæр ис  ныхас  Гуырдзыстонæн   æххуысы  тыххæй.

Сæрмагондæй   та,  документы  дзырдæуы,  ома   «Гуырдзыстон АИШ-ы  тынг аргъджын   партнер у æмæ   бирæ  хæттыты  равдыста   дыууæ бæстæйы  иумæйаг   интересты   размæ  рахæцынæн  иузæрдыгдзинад, уый  нымæцы   гуырдзиаг æфсæддæтты   НАТОйы  мисситы хайад райсыны  фæрцы».

Закъонопроекты  афтæдæр ис   фыст  уый  цæмæй   Гуырдзыстоны хайадæн  НАТО-ы  инициативæйы «Партнерад  Сабырдзинадæн»   егъау нысаниуæг  ис  АИШ-имæ æмæ НАТО-мæ  æмахастытæн,  афтæдæр регионы   сабырдæр уавæр  сифтонг кæнынæн.

«Конгресс бæлвырд кæны,  АИШ-ы фарсхæцынад  Гуырдзыстоны  суверенитет  æмæ территорион  æнæхъæндзинадæн, йæ  æхсæнадæмонæй  нымад   арæнты.  Уый  нымадмæ нæ исы   Уæрæсейы  оккупацигонд  Гуырдзыстоны регионты  Абхазы,  æмæ «Хуссар Ирыстоны»   хæдбардзинад, разы  у  æмкуысткæнынад  адарддæр  кæнын  АИШ-ы  æмæ   Гуырдзыстоны æхсæн  афтæ  куыд,  Гуырдзыстоны  хицауады тыхархайдимæ,   сифтонг кæна йæ  адæмы æмæ   суверенон территорийы  хъахъъæдад» –  дзырдæуы   закъонопроекты.

АИШ-ы «Национ хъахъхъæнынады авторизацийы  акт» 11 декабры   сбæлвырд кодтой  Конгрессы  дæр. Закъон йæ  тыхмæ бахиздзæн АИШ-ы  президент Дональд Трамп йыл йæ  къуых  куы  æрфысдзæн уый  фæстæ.   Трамп  ныридæгæн загъта, цæмæй зæгъгæ  закъоныл йæ  къух  уæд æрфысдзæн,  йæ  кусæн  стъолмæ  куы бахæццæ  уыдзæн уæд.