АИШ-ы сæны æхсæнадæмон равдысты хайад исынц гуырдзиаг компанитæ дæр
Быркуыйы сæндуцджытæ АИШ-ы, Нью-Йоркъы цæугæ æрдзон сæны æхсæнадæмон райтыгъды RAW Wine (The Artisan Wine Fair) исынц хайад.
Сæны национ агентады æххуысæй, цæугæ азы райтыгъды Гуырдзыстонæй бавдыст у сæны дæс ныккæнд.
Равдыстмæ бацæуæг уазджытæн, афтæдæр ис фадат базонгæ уой гуырдзиаг сæндуцынады незаманы тардицитимæ, йæ культурæ æмæ историимæ.
Гуырдзиаг сæндуцджыты фидиуæнæй, равдыст æнтыстджынæй цæуы æмæ гуырдзиаг сæны æрдæм стыр у интерес, куыд профессионалты, афтæ пайдагæнджыты æрдгæй. Афтæдæр сæ ныхæстæм гæсгæ, потенцион импортерты бацагуырды æмæ экспорты рæзынады гæнæндзинад зæрдыл даргæйæ, гуырдзиаг сæны бавдисын АИШ-ы сæрмагондæй нысаниуæгджын у.
Нью-Йоркъы райтыгъды хайадисæг компанитæ 3-4 ноябры афтæдæр бавдыст уыдзысты Лос-Анджелесы, ахæм форматы райтыгъдыл RAW Wine LA.
Информацийы хъусын кæны сæны национ агентад.