АИШ-ы президентон æвзæрстыты Демократон партийы  кандидат 19-22 августы плангонд æмбырдыл рабæрæг уыдзæн
АИШ-ы президентон æвзæрстыты Демократон партийы кандидат 19-22 августы плангонд æмбырдыл рабæрæг уыдзæн

АИШ-ы  президентон æвзæрстыты онг, зæгъæн ис, сæдæ бон   ма баззад.  Джо Байден президентон æвзæрстыты сæрмагонд кандидатурæйы сыхалыны уынаффæ  куы рахаста.  уый фæстæ, бæстæйы   цалдæр   нысаниуæгджын  фæзынд ис хъусдарды центры.

Медиа куыд фыссы, афтæмæй, Джо Байден  кандидатурæ аивыны  фæдыл уынаффæ рахæссыны фæстæ, цæугæ  къуырийы   фыццаг  хатт   баздæхдзæн  дзыллæмæ.    Уыимæ 24   июлы   æрымбырд уыдзæн Демократон партийы националон æмбырды  уагæвæрды комитет, цæмæй æркæсой  ног кандидаты сывзарыны процесс.  Æппынфæстаг кандидаты ном  Демократон партийы   цыппарбонон националон æмбырдыл  рабæрæг уыдзæн, кæцы Чикагойы  19-22 августы ацæудзæн.

Демократон партийы   кандидат Республикаг кандидат Дональд Трампимæ дебатты  та, 10 сентябры  ралæудзæн.

Джо Байден АИШ-ы 2024 азы  президентон æвзæрстты сæрмгаонд кандидатурæ  знон  рацух кодта.