АИШ-ы падзахадон департамент -  гуырдзиæгтæн ис бар, сæ  цæстангасы тыххæй райхъусын кæнын, фæнды ацы цæстæнгас  æнæпопулярон кæнæ ныхмæлæууæг у
АИШ-ы падзахадон департамент - гуырдзиæгтæн ис бар, сæ цæстангасы тыххæй райхъусын кæнын, фæнды ацы цæстæнгас æнæпопулярон кæнæ ныхмæлæууæг у

Фауæм  5 июлы  Гуырдзыстоны сыххæст тыхмидзинад æмбæстагон активистты, æхсæнады  уæнгты æмæ  журналисттæм,  – уый фæдыл АИШ-ы  паддзахадон департаменты  официалон  минæвар  Нэ Прайс  райхъусын кодта.

Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ,   гуырдзиæгтæн  афтæ куыд дунейы  кæцыфæнды  адæмæн ис бар  равдисой  сæрмагонд цæстæнгас, йеуæд дæр, ацы  цæстæнгас  æнæпопулярон  кæнæ   кæрæдзиуылнæбадæг  куы у.

«Мах фауæм  5 июлы  Гуырдзыстоны сыххæст тыхмидзинад æмбæстагон активисттыл, æхсæнады  уæнгтыл, журналисттыл. Гуырдзыстоны лидертæ  æмæ  бардахъахъхъæнæг органтæ хæсджын сты  бахъахъхъæнын  хъуыды æмæ дзырды, афтæма сæриабарæй æмбырды конституцион барæй æмæ  æрцахсой  тыхгæнджыты.

Гуырдзиæгтæн,   афтæ куыд дунейы  кæцыфæнды  адæмæн, ис бар  равдисой  сæрмагонд цæстæнгас, йеуæд дæр, ацы  цæстæнгас  æнæпопулярон  кæнæ   кæрæдзиуылнæбадæг  куы у.

Фæнды нæ бакой кæнын Гуырдзыстоны политикон   лидертæн, барадхъахъхъæнæг оргæнтæн æмæ   уагдæттæн сæ  хæсты тыххæй,  ома  хъуамæ  бахъахъхъæной  алкæй,   чидæриддæр пайда кæны сæрмагонд  конституцион бартæй, бахъахъхъæной   журналистты, кæцытæ пайда кодтой прессæйы  сæрибардзинады бар æмæ   æргомæй  бафауæт  тыхмидзинад.

Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварад  æндæр бæстæты минæварадтимæ иумæ публикаци скодта  иумæйаг  фидиуæн. Афтæмæй,   фæнысангондмæ  гæсгæйæ,  æнæрмæст АИШ-æ, фæлæ ма  нæ æмхъуыдыджын  партнертæ дæр  ныхас кæнынц», –   банысан кодта Прайс.