АИШ-ы паддзхадон департамент -нæ фæуромдзыстæм куыст, цалынмæ Уæрæсе нæ фæуромдзæн Гуырдзыстоны суверенон территориты окупаци
АИШ-ы паддзхадон департамент -нæ фæуромдзыстæм куыст, цалынмæ Уæрæсе нæ фæуромдзæн Гуырдзыстоны суверенон териториты окупаци
Сидæм Уæрæсемæ, сыххæст кæна Евроцæдисы æхсæнлæудæй 2008 æм азы августы æхст фæурæды бадзырд. Акæна йæ æфсад Гуырдзыстоны окупиргонд территоритæй, сбæлвырд кæна æмæ сыххæст кæна Гуырдзыстоны ныхмæ тыхы не спайдайы фæдыл хæстæ, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты бæрнон Морган Ортагус брифингыл расидтис.
«11 аз ацыд Гуырдзыстоны Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты бабырстæй. Сæдæгай адæймаг фæмард, фæцæф æмæ 190 000 -онг æмбæстаг сæрмагонд хæдзæрдтæй алыгъд. Конфликты ахадындзинад уыцы уæнгтыл ныры онг дæр даргъ кæны.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы мах райстам информаци, цæмæй Уæрæсейы æрдыгæй фарсылхæцæг дэ-факто хицауад Хуссар Ирыстоны административон арæныл уæвæг хъæуты бордеризаци сног кодта. Уыцы цауы, кæд æмæ уыцы процесс адаргъ уыдзæн, хъæу баззайдзæн æнæ донæй. Ацы архайдтытæ тæссагдзинад хæссынц сабырад æмæ стабилондзинадæн, абоны архайдтытæ фенын кодтой ирдæй, Уæрæсе кæй халы Гуырдзыстоны адæмы стабилондзинад», – сиды Морган Ортагус.