АИШ-ы паддзахадон департамент дунейы адæймагы барты уавæры фæдыл хаццæг парахат кæны, кæцыйы Гуырдызстоныл дæр ис ныхас
АИШ-ы паддзахадон департамент дунейы адæймагы барты уавæры фæдыл хаццæг парахат кæны, кæцыйы Гуырдызстоныл дæр ис ныхас
АИШ-ы паддзахадон департамент дунейы адæймагы барты уавæры фæдыл хаццæг парахат кæны. 2019-æм азы документы традиционæй Гуырдызстоны уæвгæ уавæрыл дæр цæуы ныхас.
Документы ис фыст, Гуырдызстоны мидхъуыдтæгты минситрады æмæ ПÆК-ы бæрныл æмæ æхсæнадон уагы сыххæстыл.
«Уыд нысæнттæ, цæмæй иуæй-иу хатт гражданон хицауад нæ æххæст кодта эффектон контроль мидæдасдзинады тыхтыл», – фыст ис документы.
Афтæ дæр ис фыст, цæмæй «адæймагы барты фæдыл нысаниуæгджын фарстатæ сæ зæрдыл дардтой: Уæрæсейы æрдыгæй Гуырдызстоны окупиргонд регионты -Абхази æмæ Хусар Ирыстоны царды æнæзаконон къухбавнæлды факттæ, се æхæсн æнæзаконон лæгмарддзинад Абхазийы; Уæрæсе æмæ дэ-факто хицауады æрдыгæй ахстытæ; нысаниуæгджын проблемæтæ тæрхондонон системайы хæдбардзинады фæдыл. Афтæ дæр фæдагуырдтæ æмæ ахстыты фæдыл, кæцытæ уæрæхæй цæуынц каст куыд политиконæй мотивиргонд; æнæзаконон архайдтытæ сæрмагонд царды, полицийы æрдыгæй æнææмбарадон тыхы пайда.
Документы ис фыст, цæмæй хицауад авæрдта къахдзæфтæ барты хæлды фæдыл.