АИШ-ы паддзахдон департамент окупиргонд Цхинвалы регионы афтæ хуынæг, парламентон æвзæрстыты ææнлегитимонæй расидтис
АИШ-ы паддзахадон департамент окупиргонд Цхинвалы регионы афтæ хуынæг, парламентон æвзæрстыты æнæлегитимонæй расидтис
Окупиргонд Цхинвалы регионы, афтæ хуынæг æвзæрстыты фæдыл АИШ-ы паддзахадон департамент рахъæлæба ис. Вашингтоны ноджы иу хатт равдыстой Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад æмæ окупиргонд территорийыл уагъд æвзæрстытæ æнæлегитимонæй расидтысты.
«Паддзахадон нымæрдар Помпео Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлдзæн, кæцы Вашингтонмæ цæугæ къуырийы ныццæудзæн. Фембæлды онг, мæн фæнды банысан кæнон, цæмæй АИШ æнæлегитимонæй нымайы, Гуырдзыстоны «Хуссар Ирыстоны» регионы 9-æм июны уагъд, афтæ хуынæг парламентон æвзæрстытæ æмæ йæ фæстиуджытæ.
Нæ позици Хуссар Ирыстоны фæдыл ирд у. Регион у Гуырдзыстоны хай. Мах нæ расидæнæй ноджы иу хатт сидæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверинитеты фарсылхæцындзинад»,- расидтис АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео.