АИШ-ы паддзахадон департамент АИШ æмæ Гуырдзыстоны стратегион партнерады 10 азы сæрмæ арæзт иумæйаг деклараци парахат кæны
АИШ-ы паддзахадон департамент АИШ æмæ Гуырдзыстоны стратегион партнерады 10 азы сæрмæ арæзт иумæйаг деклараци парахат кæны

АИШ-ы паддзахадон департамент АИШ æмæ Гуырдзыстоны стратегион партнерады 10 азы сæрмæ арæзт иумæйаг деклараци парахат кæны.

Гуырдзыстоны тыхархайд  мын  фидар кæны  уырнынад  æмæ   президент Трампы æмæ АИШ-ы  æппæт хицауады  номæй   хъусын кæнын, цæмæй   нæ фæцух  уыдзыстут  АИШ-ы  æххуысæй   НАТО-йы  уанг суæвыны фæндагыл –  уый тыххæй  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Майк Помпео   Гуырдзыстоны премьер-министр   Мамука Бахтадзеимæ  фембæлды фæстæ, иумæйаг  брифингыл райхъусын кодта.

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар фæныхас кодта   стратегион партнерады  хартийы  10 азы  юбилейы  тыххæй  æмæ  банысан кодта, цæмæй  юбилейон декларацийы, кæцы   абон цæуы уагъд,   бæрæг у  дыууæфарсон ахастыты   фидæны   ардæмадтæ.

«Ныфс мæ ис  цæмæй  уый  адарддæр уыдзæн   къуындæг  хæлар уагахастæй  æмæ  иумæйаг хæсистытыл  æнцойæвæрд уыдзæн.  Гуырдзыстон лидеры роль райста йæхимæ  НАТО-йы   аспирант  æмцæдисоны рангы  æмæ вæццæгæн  ай  у  уыцы  æфсонттæй  иу, цæй  тыххæй дæр  афтæ къуындæг æмкуыст кæнæм. Президент Торамп алы  нацимæ æрсидтис,  фылдæр бацархайæт  уый тыххæй, цæмæй глобалон  сыдтытæн бахъом  уой.  Гуырдзыстон  ацы  æрсидты  намысджынæй æххæст кæны  Афгъанистаны  терроризмимæ  тохы  контексты.  Ныр,  уæ  разы  куы лæууæм æмæ ныхас кæнæм, 32  æхсарджын гуырдзиаг  зонынц, цæмæй  алцыппæт  ауæлдай  кодтой  уый  тыххæй, цæмæй  америкаг æфсæддæттимæ иумæ  фæрсæй-фæрстæм  тох кæной   сабырады тыххæй.  Æмтгæй  райсгæйæ 870  гуырдзиаг  æфсæддон  бахаста  йæ  хай  НАТО-йы сабырадон миссийы. Афгъанистанæй  уæлдай ма, Гуырдзыстон  алцыппæт  аразы  уый тыххæй,   цæмæй   йæ  тыхтæ  НАТО-йы æфсæддимæ интеграци скæной æнæсахъатæй.  Ацы æрдгæй  уæлæмхас   размæцыд,  сæ  стратегион  нысæнттæ дæр  фæфидар кæндзæн, уымæн  æмæ  альянс дарддæр кæны  Гуырдзыстонимæ  æмкуысткæнынад  Сау Денджызы   регионон  инициативæйы  форматы  дæр», – банысан кодта   Майк Помпео.

АИШ-ы паддзахадон департамент АИШ æмæ Гуырдзыстоны стратегион партнерады 10 азы сæрмæ арæзт иумæйаг деклараци парахат кæны