АИШ-ы паддзахадон нымæрдары  уынаффæгæнæг Дерек Шолле фембæлдис оппозицион партиты минæвæрттимæ
АИШ-ы паддзахадон нымæрдары уынаффæгæнæг Дерек Шолле фембæлдис оппозицион партиты минæвæрттимæ

АИШ-ы   падздахадон департаменты  уынаффæгæнæг  Дерек Шолле  Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты  оппозицийы  политикон  партиты  минæвæрттимæ фембæлдис.

Фембæлдыл «Националон Змæлды» «Стартегиа Агъмашенебели», парти «Лелойы»,  парти «Гуырдзыстоны тыххæй»-ы, «Дроа»-ы, «Республикаг партийы» атæдæр  «Гирчи – фылдæр сæрибардзинады» лидертæ æмæ  минæвæрттæ  уыдысты.

Сæйраг  фарстатæ, кæцытыл оппозицийы  фидиуæнæй,   фембæлды ныхас уыд, расттæрхоны, тæрхондоны,   ацы æрдгæй  сæ  дзырдæй,   фæныхас кодтой Ника Гварамиайы æмæ Михеил Саакашвилийы   хъуыддæгты фæдыл.

Оппозицийы  информацийæ, уыдон фæныхас кодтой уыцы быцæусидтытыл, кæцытæ æрлæууыд   бæстæйы  демократон институтты райрæзты  æрдгæй.

Фембæлд иу сахатæй  фылдæр аххæссыд.

«Националон Змæлды» уæнг Хатиа Деканоидзе  куыд райхъусын кодта афтæмæй,  падзахадон департаменты  нымæрдары  фыццаг уынаффæгæнæг   хуъыддаджы курсы ис  æмæ  интересджын у  Гуырдзыстоны цæугæ  нысаниуæгджын фæзындтæй.

«Сæйраг  æрвитæггаг уыд ахæм, ома Гуырдзыстон æмæ йæ  æмбæстæгтæн сегасдæр нысаниуæгджын  бынат уыд  Евроцæдис æмæ  нæ партнертæ кæддæриддæр  уыдзысты  нæ фарсмæ.  Никæд бонты удонимæ иумæ нæ бауадздзыстæм, цæмæй  Гуырдзыстон аздæха  Уæрæсейы  орбитæмæ», –  райхъусын кодта Хатиа Деканоидзе.