АИШ-ы паддзахадон нимæрдары æххуысгæнæг Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн
АИШ-ы паддзахадон нимæрдары æххуысгæнæг Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн

АИШ-ы паддзахадон нимæрдары æххуысгæнæг Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн

Уый фæдыл информаци паддзахдон департамент парахат кæны. АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæг Европæ æмæ Евразийы фарстаты Уес Митчел фидæн къуыри Гуырдзыстонмæ æрцæцудзæн.

«Митчел Брюселы Натойы æттаг хъуыдтæгты министрты фембæлды фæстæ Тбилисмæ æрцæудзæн. Уый ныхасæй рацæудзæн Нато – Гуырдзыстоны форумыл, афтæ дæр фембæлдзæн Гуырдзыстоны хицауады уæнгтыл æмæ гражданон æхсæнады бæрнонтыл. Митчел афтæ дæр фембæлдзæн АИШ-ы базарадон палатайы уæнгтыл æмæ  АИШ-ы номæй фарсылхæцындзинад расиддзæн Гуырдзыстоны интеграцийæн, евроатлантикон институтты фæдыл» – ис фыст АИШ-ы паддзахадон департаменты расидæны.