АИШ-ы паддзахадон департменты уынаффæгæнæг Дерек Шоллет зæрдæвæрæны Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн

21:50, 16.05.2022

АИШ-ы паддзахадон департаменты уынафæгæнæг  Дерек  Шоллет  Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн –  уый фæдыл дзырдæуы  паддзахадон департаменты  пресс-куысты  ахæлиугонд  фидиуæны.

Сæрмгаондæй та, уагдоны хъусинагæй,   Дерек Шоллет  Гуырдзыстоны   æрцæудзæн 18-19  зæрдæвæрæны  гуырдзиаг партнертимæ консультацитæ ауадзынмæ, Европæйы æдасдзинады æмæ демократон рæзынады  фарстатыл.

Падздахадон департаменты  уынаффæгæнæг   фембæлдтæ ауадздзæн  хицауады, оппозицийы æмæ æмбæстагон дзыллæйы  минæвæрттимæ æмæ   семæ æркæсдзæни  Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны  регионты оккупаци,  Кремлы  æмбуалгъ  хæст Украинайы ныхмæ, æмæ  ма  уый  цæмæй   куыд  фæтынг уа Гуырдзыстоны  цæрджыты  тырнынадтæ демократон, сабырадон, дидинæфтыд  æмæ евроатлантикон  фидæнмæ.

Гуырдзыстоны онг Дерек Шоллет  ныццæудзæн Молдовæмæ, цы ран хицауадимæ иумæ æркуæсдзæни  Украинайы  цæугæ  хæсты æндæвдад Молдовæйыл, афтæма  стратегион диалогы  фæлгæтты АИШ-Молдовæйы   партнерад. Шоллет атфдæр фембæлдзæни украинаг лигъдæттимæ.

Паддзахадон департаменты  фидиуæнæй,  Шоллеты визит  стынг кæндзæн АИШ-ы фарсхæцын  Молдовæйы демократийы,  фарн æмæ  æдадсзинадæн.

Гуырдзыстонæй   паддзахадон департаменты  уынафæгæнæг  абалц кæндзæн Лондонмæ.

Хуыздæр