АИШ-ы паддзахадон департамент терроризмимæ тохы фæдыл 2022-æм азы хаццæг рапарахат кодта, кæцыйы АИШ, Гуырдзыстоны тыхджын партнерæй хоны

Хаццæгы, Гуырдзыстон АИШ-ы тыхджын партнерæй у нысангонд. Документы ис фыст, цæмæй 2022-2026-æм азты националон антитеррористон стратеги скусын кодта æмæ архайæн план.

Афтæ дæр документы ис фыст, цæмæй Гуырдзыстон куыста арæнтыл æмæ денджызон æдасдзинады фæхуыздæрæн æппæтдуноен ахуырадтæ æмæ АИШ-ы тренингты иста хайад.

Хаццæгы фыссынц, цæмæй Гуырдзыстонæн йæ бон у террористон инцидентты рабæрæг кæнын, фæуромын æмæ уыдоныл реагирдзинад. Документы хаст ис конкретон факттæ, сæрмагондæй паддзахадон департаменты хаццæгы ис фыст, цæмæй 2022 æм азы Сири æмæ Иракы террористон нысанæй Гуырдзыстонæй иу æмбæстаг дæр нæ ныцццыд. 2021-æм азы æрцахстой æмæ стæрхон кодтой фондз æмбæстагы, кæцытæ «Исламон паддзахадимæ»  бастдзинады сты аххосджын.