АИШ-ы паддзахадон департамент ныммыхуыр кодта ноггонд балцыты уынаффæтæ æндæр æмæ æндæр бæстæтæн, Гуырдзыстон нырма дæр нымад у фыццаг къæпхæны, æдас бæстæйыл
АИШ-ы паддзахадон департамент ныммыхуыр кодта ноггонд балцыты уынаффæтæ æндæр æмæ æндæр бæстæтæн, Гуырдзыстон нырма дæр нымад у фыццаг къæпхæны, æдас бæстæйыл

АИШ-ы паддзахадон департамент ныммыхуыр кодта ноггонд балцыты уынаффæтæ æмæ арæнæвæрдтæ дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæтæн.

Картæйыл нырма дæр æвдыст цæуы Гуырдзыстон куыд 1-аг æмвæзады, æдас бæстæ, цыран АИШ-ы æмбæстæгтæн рекомендаци кæнынц балцы рæстæджы стандартон æдасдзинады мадзæлттæ райсын.

Фæлæ дзы афтæдæр нысангонд цæуы, цæмæй Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны оккупацигонд регионтæ сты 4-æм æмвæзадыл æмæ ацы регионтæм балц тобæгонд у фыдракæндты, æмбæстагон змæстыты æмæ æрдзон минæты стыр рискъы тыххæй. Ацы регионты сты Уæрæсейы гæрзифтонг  тыхтæ. Зын у административон арæнтæ сбæрæг кæнын, уый тыххæй дæр ацы зонæты змæлд гæнæн ис æмæ æркæна ахстмæ кæнæ ивармæ.

Паддзахадон департаменты ноггонд картæ æвдисы Турчы, Иракы, Сауды Аравийы æмæ Æввахс Скæсæны æдасдзинады уавæртæ æмткæй.