АИШ-ы паддзахадон департамент Майк Помпеойы Гуырдызстонмæ плангонд визиты фæлгæтты информаци парахат кæны
АИШ-ы паддзахадон департамент Майк Помпеойы Гуырдызстонмæ плангонд визиты фæлгæтты информаци парахат кæны
Департаменты официалон бæрнонтæ фæныхас кодтой Гуырдызстоны планонд визиты фæдыл.
«Стамбулæй афæндаарст уыдзыстæм Тбилисмæ, кæцыйы фембæлдзыстæм хицауады бæрнонтыл, се æхсæн президент Саломе Зурабишвили, премьер-минситр Гиоргий Гахария æмæ æттаг хъуыдтæгты министр Давид Залкъалианийыл. Помпеойæн уыдзæн афтæ дæр лæвæрд фадат фембæла Каталикос Патриархыл.
Мах кæй зæгъын æй хъæуы йæ фарсыл хæцæм Гуырдызстоны евроатлантикон интеграцийæн. Парламентон æвзæрстыты дыгкаг тур 21-æм ноябры уыдзæн уагъд.
Мах расидтыстæм сæрибар æмæ рæстадон æвзарнæон процесс Гуырдызстоны демокартийæн критиконæй нысаниугæджын у æмæ гуырдзийаг адæм уыцы процессы акктивон хайад исынц.
Ноджы иу хатт бахахх кæндзыстæм тыхстдзинад кæй сидæм 2008-æм азы Уæрсейы бабырсты фæдыл Гуырдызстоны регионтæм.
Помпео Гуырдызстоны активон гражданон æхсæнадыл фембæлдзæн, цæмæй байхъуса сæ хъуыдымæ» -ис фыст паддзхадон департаменты информацийы.
Майк Помпео Гуырдызстонмæ 17-æм ноябры æрцæудзæн.