АИШ-ы паддзахадон департамент - Америкæ никуы бафидаудзæн  Уæрæсейы лæбурдимæ  Гуырдзыстон æмæ Украинайы  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадмæ
АИШ-ы паддзахадон департамент - Америкæ никуы бафидаудзæн Уæрæсейы лæбурдимæ Гуырдзыстон æмæ Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадмæ

АИШ-ы  паддзахадон департамент  Уэллесы декларацийы  80 азы сæрмæ гæсгæ  куырдиат аразы.

Документы банысангонд у, цæмæй   Америкæ никуы бафидаудзæн  Уæрæсейы лæбурдимæ  Гуырдзыстон æмæ Украинайы  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадмæ.

«Уэллесы   деклараци  афтид историон артефакт нæу. Америкæйы Иугонд Штаттæ   никуы бафидаудзæн  советон цæдисы  æрдгæй Балтийгæрон бæстæты æнæзакъонон тыхыбын   баиу кæнынимæ, афтæ куыд   никуы бафидаудзæн  Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстон æмæ Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадмæ  лæбурд, кæцыйы архайы, Украинайы  хурыскæсæн регионты   дестабилизацйы архайдæй,  афтæма Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстоны  оккупацийы  фæрцы», – банысангонд у  паддзахадон  департаменты фидиуæны.

Афтæма, абон Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани  социалон хызагы  куыд ныффыста,  уымæ гæсгæ,   зæгъгæ нысаниуæгджын  у, цæмæй АИШ паддзахадон департамент   абон ахæлиу кодта  куырдиат  Уэллесы   декларацийы тыххæй,   кæцыйы мидæг Гуырдзыстоны  территориты оккупацийы  нæрайсгæдзинадыл дæр ис дзырд.  Йæ аргълæвæрдæй,  зæгъгæ уый  у  ноджы иу  дырыс  æххуысы  æвдсыт  АИШ-ы æххæстгæнæг хицауады æрдгæй,  кæцы фидаргонд у  Америкæйы  хицауады  конкретон  архайдтæй  æмæ  закъондæттæн акттæй.