АИШ-ы низты контролы центры бæрæггæнæнтæй, дыууæхаттонæй вакцинацигонд æмбæстæгты 99.99%-ы коронавирусы фæкарз кæнæ вирусæй мæлынад не сфиксир ис
АИШ-ы низты контролы æмæ превенцийы центры бæрæггæнæнтæй, дыууæхаттонæй вакцинацигонд æмбæстæгты 99.99 проценты «Ковид-19»-ы фæкарзы, госпитализацийы кæнæ мæлынады цаутæ нæ фиксир кæнынц. Информаци хъусын кæны бынæттон медиа.
Медийы хъусинагæй, 2 августы бæрæггæнæнтæй, АИШ-ы «Ковид-19»-ы ныхмæ вакцинæйы дыууæдæр дозæйæ вакциниргонд сты 164 милуан адæймаг, уыдонæй 0,001%-æй каддæр, кæнæ 1 507 адæймаг амард, æмæ 0,005%-æй кадддæр, кæнæ та 1 701 адæймаг фæрынчын ис.
Бæстæйы низты контролы æмæ превенцийы центры бæрæггæнæнтæй, фæкарзы 74% фæбæрæг ис 65 аздзыд кары æмбæстæгтæм. 1500 фæмардуæвæгæй та, алы фæндзæм амард æндæр низы аххосæй.