АИШ-ы минæварад уырыссаг æфсæдæтты æрдыгæй Гуырдызстоны æмбæстагы фæцæф æмæ ахсты фæдыл фидиуæн парахат кæны
АИШ-ы минæварад уырыссаг æфсæдæтты æрдыгæй Гуырдызстоны æмбæстагы фæцæф æмæ ахсты фæдыл фидиуæн парахат кæны
Фидиуæны ис фыст, цæмæй «нысаниуæгджын у, уæлдай дæр та бынæттонты æдасдзинадæн, цæмæй Уæрæсе фæурома дестабилизацийы æрдæм здæхт архайдтытæ, сыххæст кæна 2008-æм азы ист хæслæвæрдтæ, фæурома териториты окупаци.
«АИШ минæварад Гуырдызстоны тыхстгонд у Уæрæсейы архайдтытæй уырыссаг æфсæддæтты æрдыгæй Гуырдызстоны æмбæстагы фæцæф æмæ ахсты фæдыл. Мах тыхстгонд стæм ахсты фактæй, кæцы ноджы иу хатт æвдисы ситуацийы эскалаци æмæ провокацион архайдтытæ Уæрæсейы æрдыгæй. Уæрæсе кæд æмæ сыххæст кæндзæн 2008-æм азы æхст фæурæды бадзырды фæдыл хæслвæвæрдтæ, гæрзифтонг тыхты аконд конфликты онг уæвæг позицитæм æмæ гуманитарон æххуысыл разыдзинад, мах сидæм æссæрибар кæной Гуырдзыстоны æмбæстагы.
АИШ йæ фарсыл хæцы Гуырдызстоны территоион æнæхъæндзинад æмæ сувчеринитетæн», – ис фыст фидиуæны.