АИШ-ы минæварад – Советтон окупацийы райдайæны 99 азы фæстæ, АИШ Гуырдызстоны фарсмæ лæууы, уæззау тохы ссаргæ суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинады бахъахъхъæдæн

Абон, Советтон окупацийы райдайæнæй 99 азы фæстæ, АИШ Гуырдызстоны фарсмæ лæууы, уæззау тохы ссаргæ суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинады бахъахъхъæдæн, – уый фæдыл ис фыст Гуырдызстоны АИШ-ы минæварады фидиуæны.

«Зындгонд гуырдзийаг фыссæг, Михаил Джавахишвили иттæг хорз ныффыста, куыд уыд уыцы рæстæджы цард. Мах никуы ферох кæндзыстæм йæ ныхæстæ: « 25-æм февралы æз банхъарыдтæн мæ буармæ куыд бахызт кардау æмæ алы бон ноджы арфдæр æмæ æарфдæр цæуы», – фыссы Джавхишвили.

Гуырдызстоны парламенты 2010-æм азы 21-æм июлы уагæвæрдмæ гæсгæ, 25-æм  февраль Советтон окупацийы бонæй у сидт.

1921 азы, 25-æм февралы, Уæрæсейы сырх æфсад Тбилисмæ бабырста æмæ йæ систа, рæстадонæй æвзæрст хицауад та æрыппæрста, цæй фæстæ дæр æрцыд æппæтдунеон рæстады субъекты-Гуырдызстоны демокартион республикайы аннекси.