АИШ-ы минæварад - Сидæм Уæрæсемæ акæна йæ æфсад хæсты размæ позицитæм
Сидæм Уæрæсемæ акæна йæ æфсад хæсты размæ позицитæм – банысангонд у Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады ахæлиугонд фидиуæны, кæцы 2008 азы августы хæстмæ æххæссы.
АИШ-ы минæварады дзурынц, цæмæй Уæрæсейы бырст Гуырдзыстонмæ райдыдта йеуæд, Уæрæсейы æфсаж куы бабырста æндæр паддзахады æхсæнадæмонæй неымадмæ райст арæнты мидæмæ, тыхмион методтæй сæ раивыны нысанæй.
«Иннæ къуырийы 10 аз сыххæст уыдзæн Уæрæсейы гарзджын тыхтæ Гуырдзыстоны æхсæнадæмон арæныл рахизгæйæ куы æрбабырстой æмæ бахъавыдысты ацы арæнтæ тыхæй спайдайæ раивын.
Цалдæр мин уырыссаг æсæддон бабырстой сахар Гурмæ æмæ конфликты зонæйæ дæрдды лæууæг æндæр рæттæм, дæнцæн Поты порт – æгæр дард хæтсон архæйдты ареалæй.
Уæрæсе афтæдæр бацахста Абхазы уыцы фæстаг хай, кæцыйы Гуырдзысон кантрол кодта æмæ цы ран хæст нæ цыдис.
Уæрæсе абоны онг лæууы Гуырдзыстоны территорийыл.
Мах ноджы иу хатт сидæм Уæрæсемæ, æрыздаха йе фсад хæсты размæ цы позицитыл лæууыд уырдæм. Ацы хæс йæхимæ Уæрæсе райста 2008 азы æхсты фæурæды фæдыл бадзырды фæлгæтты» – хъусын кæнынц АИШ-ы минæварады.
Къамыл: Уырыссаг æфсæддæ Цхинвалмæ хæстæг, 2008 азы август © AP Images