АИШ-ы минæварад - Нæхи амондджыныл нымайæм, цæмæй махмæ фараст разамонæг позицийыл кусынц сылгоймæгтæ, сæ куыст æрвылбойнонæй тыхджындæр кæны АИШ-Гуырдзыстоны партнерад
Нæхи амондджыныл нымайæм, цæмæй АИШ-ы минæварады Гуырдзыстоны фараст разамонæг позицийыл кусынц сылгоймæгтæ, сæ куыст æрвылбойнонæй тыхджындæр кæны АИШ-Гуырдзыстоны партнерад –уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад фыссы «Фейсбукы».
«Сылгоймæгты æхсæнадæмон бон банысан кæндзыстæм уыцы егъау хайбавæрд, кæцытæ фæндаг айгæрстой хуыздæр дуне саразынæн.
Арфæгæнæг стæм минæвар Келли Дегнанæн, минæвар хæдивæг Райян Харрисæн, хъахъхъæнынады атташе булкъон Бегли Стефанийæн, федералон фæдæвзарæг бюройы юридикон атташе Шумейкер дайепæн, æхсæнадон хъуыддæгты офицер Швайцер Кетринæн, консул Абеит Кетринæн, наркотикты ныхмæ тохы атташе Свидер Джениферæн, регионалон экспорты контролы æмæ арæны æдасдзинад уынаффæгæнæг Петрова Ризицайæн æмæ наркотикты ныхмæ тохы æмæ барадхъахъъхæнæг оргæнтимæ æмгуыстады программæйы директор Хант Ребеккайæн сæ лидердзинады тыххæй» – банысангонд у минæварады фейсбук-фарсыл.
ქალთა საერთაშორისო დღეს აღვნიშნავთ იმ ქალების გამორჩეულ წვლილს, რომლებმაც ახალი გზა გაკვალეს უკეთესი მსოფლიოს…
Posted by US Embassy Tbilisi, Georgia on Sunday, 7 March 2021