АИШ-ы минæварад юстицийы бæрзонддæр советы дыууæ ног уæнгы сывзарыны фæдыл фидиуæн публикаци кæны
Тæрхонгæнджыты конференци тагъд-тагъд куы исы ахсджиаг уынаффæтæ конкуренци æмæ æргомдзинадæй цух, уæд æвдисы цæмæй йæ нæ фæнды реформæ сыххæст кæнын, кæцы хъуамæ райрæзын кæна æргомдзинад, бæрнондзинад æмæ æхсæнады æууæнк нысаны процессмæ, кандидаттæм æмæ юстицийы бæрзонддæр советмæ, – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæны.
Минæварады хъусын кæнынц, цæмæй тæрхондон зæгъгæ сывзæрста юстицийы бæрзонддæр советы дыууæ ног уæнгы æмæ фæнысангонд процесс нæ уыд нæдæр конкурентджын æмæ нæдæр æргом.
«31 октябры бæстæйы хъусдард здæхт куы уыд муниципалон æвзæрстытæм, тæрхондон сывзæрста юстицийы бæрзонддæр советы дыууæ ног уæнгы, архайæг дыууæ уæнгы бынатмæ, кæцыты æмгъуыдагъоммæ куыстуæгъды фæдыл информаци развæлгъау бæрæг нæ уыд. Процесс нæ уыд нæдæр конкурентджын æмæ æндæр æргом. Алкæцы вакантон бынатмæ бавдыст уыд æрмæст иу кандидат. Æмгъуыжагъоммæ куыстуæгъды фæстиуæгæн сæвзæргæ вакантон позицитæ баххæст кæныны фæдыл фидиуæн арызт уыд тынг цъус рæстæг агъоммæ. Нæ уыдис консультациты кæнæ хайад райсынæн уæрæх спектры квалифициргонд кандидаттæн æмæ нæдæр æмбæстагон æхсæнадæн æмæ æмбæлгæ интересджын фарсыты нысаниуæгнджын бастдзинады фадат. Тынг хъыгаг у, цæмæй тæрхонон системæ йæ къухæй ауагъда фадат равдыстаит æргомдзинад æмæ та ноджы иу хатт нæ бафæрæзта йæ уæнгты сывзарын конкурентджын æмæ демократон æвзарæнон процессы фæрцы.
Иугонд штаттæ рагæй фæстæмæ тырны квалициргонд æмæ хъуыддагмæ иузæрдыг тæрхонгæнджыты корпус сæвзæрын кæнын æмæ иурæстæгонæй, сиды реформæты сæххæстмæ, кæцыты фæрцы сæвзæрдзæнис уыцы тæрхонгæнджыты бæрнондзинады фадат, кæцытæ йæ бын къахынц тæрхонон системæйы легитимондзинадæн. [Реформæты] æхсæн ис закъондæттæн ивддзинæдтæ корпоративизмæй хиаиуварс кæныны æмæ демократийы, æмбарады æмæ азконы сæйрагдзинады принциптæ сифтонг кæнынæн. Тæрхонон системæйы лидертæ бæлвырд кæнынц, цæмæй тæрхонон системæ иу æнæхъуаджы критикæ кæнынц æргом æмæ сгуыхтдзинадыл æнцойæвæрд снысан кæныны, фæуæлдæр кæныны кæнæ ивд кæй нæ цæуынц уый тыххæй. Фæлæ тæрхонгæнджыты конференци тагъд-тагъд куы рахæссы нысаниуæгджын уынффæтæ конкурс æмæ æргомдзинадæй цух, уый равдисы цæмæй йæ нæ фæнды реформæты сыххæст кæнын, кæцыты фæрцы райрæздзæни бырнондзинад æмæ æхсæнады æууæнк снысан кæныны процессмæ, кандидаттæм æмæ юстицийы бæрзонддæр советмæ. Тæрхонон системæйы бирæ квалифициргонд профессионал уæнг, кæцы æхгæд системæйы тыххæй цух ацы процессæй, бирæ хуыздæры аккаг сты.
Этикон тæрхонон системæ бæстæйы законы сæйрагдзинадмæ æмбæлондзинады рагъыстæгау у. Æууæнк хæдбар æмæ профессионал тæрхонон системæмæ, кæцы лæггад кæны адæмæн, иттæг нысаниуæгджын у стабилон рæзынады æмæ гуырдзиаг æмæ фæсарæйнаг бизнес-инфестицитæ æрбаласынæн» – хъусын кæнынц АИШ-ы минæварады.
Минæварады фидиуæнæй, АИШ-æ адарддæр кæндзæн уыцы реформæтæн фарсхæцын кæцыты фæрцы райрæздзæнис бæрнондзинад, профессионализм æмæ æргомдзинад æмæ баххуыс уыдзæн Гуырдзыстонæн, райса ахæм расттæрхоны системæ, кæцыйы аккаг у гуырдзиаг адæм æмæ кæцыйæн архайдон нысаниуæг ис Гуырдзыстон цы евроатлантикон интеграцийы фæндаг сывзæрста уымæн.