АИШ-ы минæварад – «Гуырдзийаг бæллицы» рахызт 19-æм апрелы бадзырдæй ноджы иу здæхт у бадзырды сыххæсты фарстайы
АИШ-ы минæварад – «Гуырдзийаг бæллицы» рахызт 19-æм апрелы бадзырдæй ноджы иу здæхт у бадзырды сыххæсты фарстайы

АИШ-ы минæварад –«Гуырдзийаг бæллицы» рахызт 19-æм апрелы бадзырдæй ноджы иу здæхт у бадзырды сыххæсты фарстайы

«Гуырдзийаг бæллицы» рахызт 19-æм апрелы бадзырдæй ноджы иу здæхт у бадзырды сыххæсты фарстайы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæны ис фыст.

Фидиуæны ис фыст, цæмæй АИШ тыхстгонд сты æмæ мæсты парти «гуырдзийаг бæллицы» æскъуыддзагæй, 19-æм апрелы бадзырды докуметы, кæцы уыд арæзт æхсæзмæйон уæззау бадзырдты фæстиуæгæн æмæ æвдисы гуырдзийаг адæм æмæ сæ фæндаг æмæ размæцыд демократийы æнæманг фæндагыл.

«Æхсæз æвзæрст партийæ, æхсæз партийы 115 парламентар æрфыста йæ къух бадзырдыл æмæ ныхас ратта, цæмæй бадзырд сыххæст уыдаит æмæ æмкуыстдзинад адаргъ уыдаит.

Алы къухæрфысæг хъуамæ дзуапп ратта, бадзырды фæлгæтты ист бæрныл, уæд кæд æмæ мах курæм æнæмæнг сыххæст бадзырды. «Гуырдзийаг бæллицы» рахызт 19-æм апрелы бадзырдæй ноджы иу здæхт у бадзырды сыххæсты фарстайы.

Гуырдзыстоны интерестæ уыдзысты хъахъхъæд, кæд бадзырды æххæстгонд конкретон тæрхондонон, конституцион æмæ æвзарæнон реформæты фарстатæ сыххæст уыдзысты уæрæхпартион консенсусы фæрцы иу партийы фæндонмæ гæсгæ нæ. Рæстæгон прогресс ацы реформæты ауагъды сыххæстæн алкæмæй раст фæндаг у, цæмæй Гуырдзыстоны политикон кризисы цикл йæ кæронмæ бацæуа æмæ прогресс уыдзæн тынг нысаниуæгджын Гуырдзыстоны евроатлантикон интеграцийæн.

Бадзырд дæтты фадат нысаниуæгджын реформæтæн, кæцытæ æнæмæнг сты Гуырдзыстоны демокартион институтты фæтыхджынæн, тæрхондоны системайы политизацийы фæкъаддæрæн, æвзарæнон системайы фæхуыздæрæн.

Мах сидæм алы партимæ, се æхсæн «Гуырдзийаг бæллицмæ», иумæйаг куыст æмæ уыцы хæслæвæрдты сыххæстмæ, кæцыйыл уыдон сæ къух æрфыстой Гуырдзыстоны хуыздæр фидæнæн», -ис фыст АИШ-ы минæварады документы.