Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад – 8 марты бадзырд уыд гуырдзиаг политикон тыхты историон нысаниуæгы æнтыст
8 марты бадзырд уыд гуырдзиаг политикон тыхты историон нысаниуæгы æнтыст – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады куырдиаты мидæг у банысангонд.
Фидиуæн публикацигонд æрцыд социалон хызаг «Фейсбукы» АИШ-ы минæварады сæрмагонд фарсыл.
Минæварды æмбарын кæнынц, цæмæй разыдзинад дыууæ хайæ у æмæ алы фарсæй домы кæронмæ сæххæст кæной разыдзинады дыууæдæр хай, цæмæй уый æнтыстджынæй сæххæст уа.
«8 марты бадзырд уыд гуырдзиаг политикон тыхты историон нысаниуæгы æнтыст, кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны политикон системæ деполяризаци скæнын æмæ октябры парламентон æвзæрстытæм хуыздæр уавæртæ саразын, конституцион ивддзинæдтæ æмæ 2020 азы парламентон æвзæрстыты æххæстæй пропорцион фæдыл дзырдлæвæрд куы нæ сæххæст ис уый фæстæ. Мах куыд диалогы фасилитатортæ баххуыс кодтам дискуссийы платформæ саразын кæцыйæн йæ нысан уыд æууæнк ногæй рацаразын æмæ дæтта фадат хайадисджытæн, тынг вазыгджын фарстаты кæрæдзийæн фæбарын. Нæ роль йæ хъуыдыйы нæ дары уынафæйы мидис раргом кæнын кæнæ бадзырды райхалын.
Фæнысангонд разыдзинад дзыллæйæн дзæбæх зонгæ у. Уый æм хуызонæй сæ зæрдæмæ фæцыд куыд гуырдзиаг адæмæн, афтæ æхсæнадæмон дзыллæйæн. Банысан кæндзыстæм, цæмæй бадзырд у дыууæ хайæ: иу фокусиргонд у æвзарæнон системæйыл, иннæ та уыцы фарстаты алыгыл, кæцытæ тæрхонон системæмæ политикъон хифæкæнды æнгæс сты. Курæг стæм алы фарсæй дæр, кæронмæ сæххæст кæнæнт бадзырды дыууæдæр хай, цæмæй уый æнтыстджынæй сыххæст уа» – дзырдæуы фидиуæны.