АИШ-ы минæварад – 11 сентябры кадртæ нын æнæсхафгæ  фæд ныууагътой, фæлæ уыимæ иумæ  æрхастой нæфенгæ иудзинад терроризмы ныхмæ
АИШ-ы минæварад – 11 сентябры кадртæ нын æнæсхафгæ фæд ныууагътой, фæлæ уыимæ иумæ æрхастой нæфенгæ иудзинад терроризмы ныхмæ

Абон уыцы бырстытæй 20 азы сæр нысан кæнæм, кæцытæ Америкæйы, цард æнусмæ  фæивдтой – уый фæдыл дзырдæуы 11 сентябры терактмæ гæсгæ  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварады  фейсбук-фарсыл  публикацигонд  фидиуæны.

Минæварады ма бахахх кодтой  Гуырдзыстоны рол  Афгъанистаны  æфсæддон операцийы  хайады æрдгæй  æмæ  банысан кодтой,ц æмæй бæстæ сæрмагондæй стыр рол  ахъазыд  эвакуацион  тахтыты  æххуысы æрдгæй.

«2001 11 сентябры  кадртæ нын æнæсхафгæ  фæд ныууагътой, фæлæ  уыимæ иумæ  æрхастой  нæфенгæ  иудзинад  терроризмы ныхмæ, цæмæй  террористты фæлтæрæнон  лагерты схафыны фæрцы  ахæм бырст макуы уал  æрцыдаит.

Æнусмæ  зæрдæрухс стæм  нæ æмцæдисонтæй æмæ партнертæй, кæцытæ Афгъанистаны нын нæ  фарсмæ слæууыдысты æфсæддон, дипломатон æмæ  гуманитарон  мисситы,  конкретонæй та – Гуырдзыстонæй  кæцы  20 000-æй фылдæр  æфсæддоны арвыста  операцитæм æмæ  сæрмагондæй стыр  рол  сыххæст кодта эвакуацион тахтытæн æххуысы æрдгæй.

Ивгъуыд дыууæ дæсой  азы уæ куыд куырдтам афтæ уæ курæг стæм ныр дæр, æрбаиу нæм ут, цæмæй  сæ  ном ссарæм  2 977 æнаххос  лæг, сылгоймаг æмæ сывæллонæн, кæцытæ 11 сентябры  бырсты амæттаг фесты» – банысангонд у минæварады веб-фарсыл  публикацигонд  фидиуæны.