АИШ-ы конгресы Гуырдзыстоны фыццаг демократион республикайы 100 азон юбилейы фæдыл бæрæгбонон райст сырæзт
АИШ-ы конгресы Гуырдзыстоны фыццаг демократион республикайы 100 азон юбилейы фæдыл бæрæгбонон райст сырæзт
Гуырдзыстоны æрдхордон къорды иуæй иу сæрдар – конгресмен Тед Поса æмæ конгресмен Джералд Конолийы номæй, АИШ-ы конгресы, Гуырдзыстоны фыццаг демократион республикайы 100 азон юбилеймæ гæсгæ бæрæгбонон изæр сырæзт, кæцыйы Гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили иста хайад.
Премьер æрдхордон къорды сæрдартæн æмæ Гуырдзыстоны æрдхордтæн АИШ-Гурдзытсоны портнерадæн ноджы фæарфдæр кæнынæн хаст хай æмæ фарсылхæцындзинадæн раарфæ кодта.
Райстыл ныхасæй рацыды рæстæджы Гиоргий Къвирикашвили Афганистаны цæфгонд гуырдзийаг æфсæдтоныл ныхасæй райдыдта, кæцы реабилитацийы курс Вашингтоны цæуы.
Гиоргий Къврикашвли хъусдард сцырын кодта Гуырдзыстоны экономикон рæзты позитивон æвдисæгтыл, кæцытæ регионы алкæмæй хуыздæр сты.
Конгресмен Джералд Каноли -мах нæ æрлæудзыстæм цалынмæ Гуырдзыстоны територитæ нæ æрыздæхдзысты æмæ окупаци нæ фæуыдзæн
Уый фæдыл Гуырдзыстоны æрдхордон къорды сæрдар, конгрессмен Джералд Коноли АИШ-ы конгрессы, Гуырдзыстоны фыццаг демократион республикайы 100 азы юбилейы фæдыл арæзт бæрæгбонон изæрыл ныхасæй рацыды рæстæджы расидтис.
Конгресмены аргълæвæрдмæ гæсгæ, Гуырдзыстон дæнцон бæстæ у, кæцы хæдбардзинад, политикон плюрализм æмæ демократион хицаудзинад сарæзта ахæм сыхæгты æхсæн, кæцыты арæх бындурæвæрд ис автократи æмæ авторитаризм.
Конгресмен фæныхас кодта -сæрибардзинадыл, куыд нысаниуæгджын аргъдзинады фæдыл æмæ Гуырдзыстоны територион æнæхъæндзинады æмæ суверинитет фарсылхæцындзинад сбæлвырд кодта.
«Мах нæ æрлæудзыстæм цалынмæ Гуырдзыстоны територитæ нæ æрыздæхдзысты æмæ окупаци нæ фæуыдзæн. Ацы къуыри æз цæуын Польшамæ, Натойы фембæлдыл, кæцыйы мих ноджы иу хатт сбæлвырд кæндзыстæм снысангонд позици, цæмæй сымах фенат мах солидарондзинад æвдисæм нæ гуырдзийаг партнертæн» – конгресмен Джералд Каноли.