АИШ-ы конгресс Уæрæсейы æфсæдтон амалиуæгæнджыты ныхмæ ног санкциты сывæрд план кæны
АИШ-ы конгресс Уæрæсейы æфсæдтон амалиуæгæнджыты ныхмæ ног санкциты сывæрд план кæны
АИШ-ы бæрнонты палатайы уæнгтæ хæцæнгразы амалиуæггæнæн уырыссаг компаниты партнер бæстæты хицауады уæнгты æмæ индивидуалон уæнгты бафхæрд куры. Ивæндзинад АИШ-ы 2019-æм азы хъахъæды бюджеты проекты ис фыст.
Проекты автортæ сидынц, цæмæй президентæн хъуамæ уа бар санкцитæ снысан кæны уыцы уæнгты ныхмæ, кæцытæ Уæрæсейы æфсæдтон амалиуджытæн сæ фарсыл хæцынц. Ныхас цæуы, Уæрæсейы уыцы партнертыл, кæцыты æнæ æххуысæй, æфсæдтон ифтонгады арæзт нæ сыхæхст уыдзæн.
Ацы проекты автортæ афтæ дæр рацыдысты инициативайæ, цæмæй АИШ -ы президентæн уа бар фæтобæ кæна Уæрæсеимæ æфсæдтон æмкуыстдзинады баст бæстæтæ, кæд æмæ уый АИШ-ы националон интересты ныхмæ цæуы.