АИШ-ы Конгресс, Гуырдзыстонæн фарсхæцæг дыууæпартион закъонопроект сбæлвырд кодта
АИШ-ы минæвæртты палатæ, æмхъæлæсонæй сбæлвырд кодта Гуырдзыстонæн фарсхæцæг дыууæпартион закъонопроект, кæцы Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн æмгуыстад нодж бæрзонддæр æмвæзадмæ схæцынмæ цæттæдзинады дырыс бæлвырдгæнæн у.
Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, дыууæпартион закъонопроект ноджы иу хатт хахх кæны Гуырдзыстоны суверенитет, хæдбардзинад æмæ территорион æнæхъæндзинадæн АИШ-ы æнæфæцудгæ фарсхæцын æмæ Уæрæсйеы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл адæймаджы барты халæг уæнгты ныхмæ санкциты сбæлвырдкæныны инициативæйæ рацыд.
Сæ информацийæ закъонопроект сæрмагонд хъусдард цырын кæны АИШ-Гуырдзыстоны æхсæн хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады сферæйы æмгуыстадыл, Гуырдзыстоны хæдиргъæфхъомад фæфидардæр кæныныл æмæ ацы æрдгæй паддзахадон нымæрдары, æмбюæлон уагдæттимæ иумæ Гуырдзыстонимæ æмгуыстады фидæн фондз азы стратегийы бавдисын хæсджын кæны.
Закъхонопроектæй Конгресс æрсидтис АИШ-ы базарадон минæвармæ, сараза архайадон къахдзæфты Гуырдзыстонимæ сæрибар базарады фæдыл разыдзинадыл бадзырдтæ райдайынмæ.
Закъондæттæн актæй Конгресс фауы Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны регионты – Абхаз æмæ Цхинвалы регионы оккупаци; афтæдæр оккупацигонд регионты адæймаджы барты хæлды цаутæ, сæ нымæцы Гуырдызстоны æмбæстæгты, Арчил Татунашвилийы, Гига Отхозориайы æмæ Давит Башарулийы марындзинæдтæ. Ахæм хуызæй закъонопроект дзуапп дæтты «Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионы адæймаджы барты гуырымыхъхъ хæлды æмæ «Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъды фæдыл» Гуырдызстоны парламенты дыууæпартион резолюцийæн; Йæ фарс хæцы гуырдзыстоны конфликтты сабырадонæй аскъуыддзагæн, Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Цхинвалы регионмæ æхсæнадæмон æдасдзинады механизмты саразын æмæ сæрмагонд хæдзæрттæм тыхбын бынативгæ уæнгты æдæрсгæйæ æмæ аккаг æрыздхтæн.
Закъонопроектæй АИШ-ы Кjнгрес фарсхæцын бæлвырд кæны Гуырдызстоны евроатлантикон æмæ европаг интеграцийæн, хъахъъæнынады æмæ ææдасдзинады сферæйы АИШ-æГуырдзыстоны ахастыты ноджы фæтыхджындæр кæныны æмæ ног этапмæ ахизыны инициативæ æвдисы.
Гуырдзыстонæн фарсзæцæг закъонопроект АИШ-ы Конгрессмæ бавдыстой, Гуырдызстоны хæлар къорды сæрдар конгрессментæ, Тед По (республикаг) æмæ Джери Конноли (демократ) 2018 азы 26 июны. АИШ-ы минæвæртты палатæ Гуырдзыстонæн фарсхæцæг актæн æмхъæлæсонæй сбæлвырд кæныны размæ, уый Конгресс цалдæр комитет æмæ сæ нымæцы æддæ ахастыты, юридикъон фарстаты æмæ æфтиæгты комитеты райстой.
Куыд фæдылдзог къахдзæф, закъондæттæг акты проекты, АИШ-ы минæвæртты палатæ арвыста Сенатмæ. Кæд æмæ АИШ_ы Сенат Гуырдзыстонæн фарсхæцæг акт сбæлвырд кæндзæн, уый æрвыст æрцæудзæн президентмæ, кæцы йыл йæ къух куы бафысса уый фæстæ, суыдзæн закъонæй.
Банысанкæнинаг у,цæмæй АИШ-Гуырдзыстоны биразон ахастыты историйы, АИШ-ы минæвæртты палатæ, фыццаг сбæлвырд кодта Гуырдызстонæн фарсхæцæг акт, куыд хицæнæй уæвæг документ, кæцы æрмæстдæр Гуырдзыстонмæ æххæссы. Ныры онг АИШ_ы Конгресс Гуырдзыстонæн фарсхæцæг бирæ резолюци сбæлвырд кодта Нысаниуæгджын у уыцы факт дæр, цæмæй акт, резолюцийыл ноджы фылдæр нысаниуæгы закъолндæттæг документ у – уый резолюцийæ хъауджыйæ, АИШ-ы конгрессы дыууæдæр палатæйы æрдгæй сбæлвырды æмæ йыл президенты къухбафысты фæстæ, райсдзæн закъоны тых.
Информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.