АИШ-ы конгресс Гуырдызстоны фарсылхæцæн резолюци бавдыста
АИШ-ы конгресс Гуырдызстоны фарсылхæцæн резолюци бавдыста

 

АИШ-ы конгресс Гуырдызстоны фарсылхæцæн резолюци бавдыста.

Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, резолюцийы иницатортæ сты Гуырдзыстоны æрдхордон къорды сæрдар, конгресмен Тед По. Резолюцийæн ацы этапыл ис аст спонсор конгресмен, куыд республикаг афтæ дæр демократион партийæ.

Сæ информацимæ гæсгæ, резолюцийы размæ уыдзæн арæзт Гуырдызстон æмæ Украинайы, Молдовайы парламенты спикерты фидæн къуыри, Вашингтоны плангонд визит æмæ снысангонд бæсæттæн Вашингтон фарсылхæцындзинад сиды.

АИШ-ы сенат сиды администрацимæ, бакусой æмæ среализ кæной æдадсдзинады сферайы æмкуыстдзинад стратеги, кæцы ноджы рационалон æмæ приоритетон скæндзæн Европайы АИШ- ы партнертимæ, се æхсæн Гуырдызстонимæ æмкуыстдзинад – уый фæдыл АИШ-ы хихъахъæнады авторизацийы акты проекты сенаты версийы ис фыст. Инфоримаци Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты минситрад парахат кæны.

Уагдоны информацийæ, 2018 азы 18-æм июны, АИШ-ы сенат 2019 æм фискалон азы АИШ-ы хихъахъæнады авторизацийы акты (NDAA) компоненты сæрмагонд верси сбæлвырд кодта, кæцы 2019-æм фискалон азы АИШ-ы хихъахъæнады департаменты политикæ æмæ бюджеты приоритеттæ сбæлвырд кæндзæн.

Документы ис фыст, цæмæй Европайы АИШ-ы партнерты фæтыхджынæн АИШ-ы хихъахъæнады нымæрдар, паддзахдон нымæрдаримæ æмæ Европайы АИШ-ы инæларадаимæ координацийæ йæ къух сарæзта Гуырдызстоны æдасдзинады сферайы нысаниуæгджын æххуысæн, се æхсæн, леталон хихъахъæнады фадаттæй, кæцы фæтыхджын кæндзæн Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхты Натомæ æрбаввахсы процессы.

Афтæ дæр АИШ-ы сенат сиды администрацимæ бакусой æмæ среализ кæной æдасдзинады сферайы æмкуыстдзинады стратеги, кæцы ноджы рационалон æмæ приоритетон скæндзæн Европайы АИШ-ы партнертимæ, се æхсæн Гуырдызстонимæ æмкуыстдзинад», – ис фыст Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты минситрады документы.

Сæ информацимæ гæсгæ, документы афтæ дæр хаххгонд у Гуырдызстон æмæ Украинайы хайадистæй сау денджызы Натойы æмæ æндæр бирæнацион форматы ахуырæты сарæзты фæарæх, масштаб æмæ сценариты ауæрæхы нысаниуæгдзинад.

АИШ-ы сенат ноджы иу хатт бахахх кодта НАТО–йы  «Гом дуары» политикæ, се æхсæн Гуырдызстоны Натомæ интеграцийы фарсылхæцындзинад. Документ афтæ дæр сиды, АИШ-ы администрацимæ, йæ къух сараза альянс уæнг бæстæты Нато-Гуырдызстоны пакеты ресурсты мобилизаци æмæ Нато-Гуырдзыстоны ахуырадтты æмæ иумæйаг центрæй спайдайы фарста.

Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, АИШ йæ фарсыл хæцы Гуырдызстоны суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Тыхстдзинад сиды Уæрæсейы æрдыгæй Гуырдзыстоны территориты окукпацийы фæдыл.