АИШ-ы хихъахъæнады авторизацийы акты проект – хихъахъæнады нымæрдар йæ къух хъуамæ сараза Гуырдызстонæн æдасдзинады сферайы нысаниуæгджын æххуысæн
АИШ-ы хихъахъæнады авторизацийы акты проект – хихъахъæнады нымæрдар йæ къух хъуамæ сараза Гуырдызстонæн æдасдзинады сферайы нысаниуæгджын æххуысæн.
АИШ-ы сенат сиды администрацимæ, бакусой æмæ среализ кæной æдадсдзинады сферайы æмкуыстдзинад стратеги, кæцы ноджы рационалон æмæ приоритетон скæндзæн Европайы АИШ- ы партнертимæ, се æхсæн Гуырдызстонимæ æмкуыстдзинад – уый фæдыл АИШ-ы хихъахъæнады авторизацийы акты проекты сенаты версийы ис фыст. Инфоримаци Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты минситрад парахат кæны.
Уагдоны информацийæ, 2018 азы 18-æм июнф, АИШ-ы сенат 2019 æм фискалон азы АИШ-ы хихъахъæнады авторизацийы акты (NDAA) компоненты сæрмагонд верси сбæлвырд кодта, кæцы 2019-æм фискалон азы АИШ-ы хихъахъæнады департаменты политикæ æмæ бюджеты приоритеттæ сбæлвырд кæндзæн.
Документы ис фыст, цæмæй Европайы АИШ-ы партнерты фæтыхджынæн АИШ-ы хихъахъæнады нымæрдар, паддзахдон нымæрдаримæ æмæ Европайы АИШ-ы инæларадаимæ координацийæ йæ къух сарæзта Гуырдызстоны æдасдзинады сферайы нысаниуæгджын æххуысæн, се æхсæн, леталон хихъахъæнады фадаттæй, кæцы фæтыхджын кæндзæн Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхты Натомæ æрбаввахсы процессы.
Афтæ дæр АИШ-ы сенат сиды администрацимæ бакусой æмæ среализ кæной æдасдзинады сферайы æмкуыстдзинады стратеги, кæцы ноджы рационалон æмæ приоритетон скæндзæн Европайы АИШ-ы партнертимæ, се æхсæн Гуырдызстонимæ æмкуыстдзинад» – ис фыст Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты минситрады документы.
Сæ информацимæ гæсгæ, документы афтæ дæр хапххгонд у Гуырдызстон æмæ Украинайы хайадистæй сау денджызы Натойы æмæ æндæр бирæнацион форматы ахуырæты сарæзты фæарæх, масштаб æмæ сценариты ауæрæхы нысаниуæгдзинад.
АИШ-ы сенат нолджы иу хатт бахахх кодта НАТО – йы «Гом дуары» политикæ, се æхсæн Гуырдызстоны Натотомæ интеграцийы фарсылхæцындзинад. Документ афтæ дæр сиды, АИШ-ы администрацимæ, йæ къух сараза альянсф уæнг бæстæты Нато-Гуырдызстоны пакеты ресурсты мобилизаци æмæ Нато-Гуырдзыстоны ахуырадтты æмæ иумæйаг центрæй спайдайы фарста.
Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, АИШ йæ фарсыл хæцы Гуырдызстоны суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Тыхстдзинад сиды Уæрæсейы æрдыгæй Гуырдзыстоны территориты окукпацийы фæдыл.