АИШ-ы хицауадæй Гуырдзыстонмæ лæвæрд «Pfizer»-ы вакцинæйы  500  мин дозæ, Гуырдзыстонмæ æрласдзысты сабаты
АИШ-ы хицауадæй Гуырдзыстонмæ лæвæрд «Pfizer»-ы вакцинæйы 500 мин дозæ, Гуырдзыстонмæ æрласдзысты сабаты

АИШ-ы хицауадæй Гуырдзыстонмæ лæвæрд  «Pfizer»-ы вакцинæйы  500  мин дозæ, Гуырдзыстонмæ сабаты, 24 июлы  æрласдзысты – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  хицауады  администрацийы  фехъусын кодтой.

Бакой уын кæндзыстæм,  Америкæйы хицауады æмæ  йæхæдæг президент  Джо Байдены  уынаффæйæ,  Гуырдзыстонæн  цалдæр сæдæ  мин дозæ  «Pfizer»-ы вакцинæйы  лæвар раттыны фæдыл  информаци, прермьер-министр Ираклий Гъарибашвили  2 июлы  брифингыл  райхъусын кодта.

17 июлы  та Ираклий Гъарибашвили банысан кодта, цæмæй  дзырдæуы  æрдæг милуан  дозæйы тыххæй.  Афтæма, хицауады  сæргълæууæг  цæрджытæм вакцинацийы процессы активон  хайад райсынмæ æрсидтис.