АИШ-ы юстицийы департамент публикаци скодта телекомпани  «Формулайы» æххуырст лобистон компанийы æхсæзмæййон куысты фæдыл информаци
АИШ-ы юстицийы департамент публикаци скодта телекомпани «Формулайы» æххуырст лобистон компанийы æхсæзмæййон куысты фæдыл информаци

 

АИШ-ы юстицийы департаменты веб-фарсыл  телекопани  «Офрмулайы» æххуырст  Лобистон  компанийы  «Cornerstone Government Affairs»-ы  ивгъуыд æхсæз мæйы дæргъы   (сентябр2023 -феврал 2024) сæххæст  куысты  фæдыл информаци  публикаци кæны.

«Корнерсоуны» къорд  телекомпани «Формулаимæ»  контракт 2023 азы   зæрдæвæрæны   бафыста.   Документы æрнымад сты  уыцы уæнгтæ, кæцытимæ   «корнерстоуны»  къорды минæвæрттæ  фембæлдты организацидзинад  архайдтой.  Уый нымæцы сты  АИШ-ы Сенаты æмæ Конгрессы  уæнгты  æмкусджытæ,  уынаффæгæнджытæ, ассистенттæ, æндæр æмæ æндæр   иртасаг æмæаналитикон   центрты  минæвæрттæ. Ацы  фембæлдты  ауадзыны кæнæ  æрвыст  электронон фыстæджытæн   сæ нысанæй бавдыст у «Гуырдзыстоны фæдыл  ранæуæггонд  информацийы авдыст хуссар Кавказы æдадсзинады  фæдыл»  æмæ «Ранæуæггонд  информацийы  бавдыст Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы ахастыты фæдыл».

Æрнымадгондæй бæрæг к, цæмæй «корнерстоуны»  лобисттæн  коммуникаци уыд   ахæм аналитикон  цнтрты  кусджытимæ, цахæмдæр сты, Джеймстуны  фонд,Брукингс, Хадсоны институт, Маккейны институт, Херитидж Фаунд æмæ а.д.  Фæнысангонд  хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, лобистты фæстаг активондзинад 2024 азы  январы  фиксир кæны, кæцы  Гуырдзыстоны  Маккейны  институты  куыстимæ  у баст.

Уыимæ, 2023 азы  публикацигонд документмæ гæсгæйæ,   телекомпани  «Формула» америкаг  лобистон компанийæн зæрдæвæрæн-августы сыххæст  лæггады  110 000 доллар бафыста.