АИШ-ы бæрнонады палатæйы Адам Гинзингер æмæ Герри Конол Гуырдызстоны фарсылхæцæн акт бавдыстой
АИШ-ы бæрнонады палатæйы Адам Гинзингер æмæ Герри Конол Гуырдызстоны фарсылхæцæн акт бавдыстой
Гуырдзыстоны æрдхордты къорды æмсæрдартæ, конгресмæнтæ Адам Кинзингер æмæ Герри Коноли бæрнонады палатайы Гуырдызстоны фарсылхæцæг акт бавдыстой.
Палатайы веб-фарсыл рапарахатгонд информацийы ис фыст, законпроекты бæлвырд кæны АИШ-ы фарсылхæцындзинады адаргъ Гуырдзыстоны хæдбардзинад æмæ суверинитеты фæдыл, се æхсæн сæрибар æмæ рæстадон æвзæрстыты къуымæй æмæ бæлвырд кæны АИШ-ы ныхмæлæуд регионы Уæрæсейы агрессийы фæдыл.
Документы ис фыст, цæмæй Гуырдызстоны Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы окупацигонд регионты, Уæрæсе змæст æххæст кæны, æххуыс кæны сепаратистон змæлдæн æмæ халы карзæй адæймагы бартæ, се æхсæн ахст æмæ лæгмарддзинад. Уæрæсейы тыхтæ даргъ кæнынц гражданон темæты къуындæгдзинад. Гуырдызстоны фарсылхæцæг акт йæ фарсыл хæцы Гуырдызстоны территорион æнæхъæндзинадæн.
«12 азæй фылдæр аивгъуыдта, Уæрæсе куы бабырста æмæ окупаци саххæст кодта Гуырдзыстоны территориты. Æнæкæсгæ уымæ, адæймагы сæйраг барты хæлды уавæрты, Гуырдзыстон куыста размæцыды æмæ сæрмагонд адæмы хæдбардзинадæн. Мах ногæй бавдыстам Гуырдзыстоны æрдхордты фарсылхæцæг акт, мах йæ фарсмæ лæууæм – Гуырдзыстоны адæмы фарсмæ», – расидтис Кинзингер.
Конгресмен Конолы ныхасмæ гæсгæ, документы ис фыст Гуырдзыстон-АИШ-ы партнерады фæдыл.
«Сæрыстыр дæн, цæмæй ногæй бавдыстам Гуырдзыстоны фарсылхæцæг акт, кæцы сбæлвырд кæндзæн Гуырдызстон-АИШ-ы партнерады нысаниуæгдзинад, стратегионæй нысаниуæгджын æмахастытæ. Ацы законпроект ноджы иу хатт бæлвырд кæны Гуырдзыстоны суверенитет, демокартион размæцыд æмæ æдасдзинад, уæлдай дæр та уырыссаг агрессийы уавæрты. Куыд НАТО-йы парламентон ассамблеайы президент, æхсызгон мын у, цæмæй снысангонд документ бæрлыврд кæны, цæмæй Гуырдызтон НАТО-йы аспирант бæстæ у», – расидтис Коноли.