АИШ-ы æвзæрст цæуы 47-æм президент
АИШ-ы æвзæрст цæуы 47-æм президент

АИШ-ы 5-æм ноябры 47-æм президент æвзæрст æрцæудзæн. Президентон æвзæрстыты кæрæдзиимæ фембæлдзысты раздæры президент Дональд Трамп Республикон партийæ æмæ вице-президент Камала Харрис Демокративон партийæ.

Æвзарæнон системæ
АИШ-ы æвзарæн системæйы ахсджиаг у Æвзарæн Коллеги, цыран алы штаты минæварад дæр аразгæ у йæ цæрæг адæмы нымæцæй. Зæгъæм, Калифорнийы колледжы ис 55 хъæлæсы.
Алы штаты дæр, президентон кандидат æвзарæн хъæлæсты фылдæр хай куы райса, уæд уый нысан кæны, æвзарæн коллегийы æппæт хъæлæстæ дæр кæй райсдзæн. Зæгъæм, кæд æмæ Калифорнийы цæрæг адæм æххуыс кæнынц Демокративон Партийы кандидатæн, уæд уый райсдзæн 55 Æвзарæн Коллегийы хъæлæсы.

Æдæппæтæй æвзарæнон коллегийы ис 538 делегаты, цæмæй æвзæрстыты фæуæлахиз уа, уый тыххæй президентмæ кандидат хъуамæ райса 270 хъæлæсы.

Æвзарæн кампанийы сæйраг моменттæ
Демократон партийы вице-президент Камала Харрис социалон фарстыты, репродуктивон барты æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл кампани сарæзта. Харрис йæ хъус дардта экономикон политикæмæ, уыцы нымæцы инфляцийы ныхмæ тох æмæ америкаг æвзарæгæн йæ царды аргъ фæкъаддæр кæнынмæ.
Республикон партийы президенттæм кандидат Дональд Трампы сæйраг фарста экономикæ дæр уыд. Трамп æвзарæгæн ныфс дæтты, цæмæй æрыздæхдзæн ахæм политикæмæ, кæцы фæкъаддæр кæндзæн инфляци æмæ сараздзæн ног куысты бынæттæ. Трамп афтæдæр йæ хъус æрдардта æнæзакъонон иммиграциимæ баст фарстатæм.

Цавæр аргументтæ ис кандидатты æнтыстæн?

Æвзарæгты хайадист æмæ фæстиуджытæм æнхъæлмæкаст
Хъæлæс кæныны бар ис 150 милуан америкæйагæй фылдæрæн, æмæ æнхъæлмæкæсинаг у æвзæрстыты хайадист бæрзонд, гæнæн ис æмæ 2020 азы рекордон бæрæггæнæнтæм æмхуызон кæнæ фылдæр. Банысанкæнинаг у, цæмæй 80 милуаны онг америкаг æвзарæг сæ равзæрст сарæзтой 5-æм ноябры онг, ома æвзæрстыты бонмæ. Абон, Нью-Гэмпширы штаты, Тбилисы рæстæгæй 09:00 сахатыл фыццаг æвзарæнон фадыг байгом ис.
Æрфарстытæм гæсгæ, Трамп æмæ Харрисы рейтингты æхсæн хицæндзинад тынг чысыл у, рæдыды маржæйы мидæг. Уый тыххæй, гæнæн ис, æмæ фылдæр рæстæг бахъæуа, цæмæй хъæлæстæ нымад æрцæуой, ерыстæ тынгдæр кæм цæуынц, уыцы штатты. Уымæ ма бафтыдтой Трампы къорд аххосæгтæ, цæмæй æвзæрстытæ гæнæн ис æмæ æрцæуой фальсификацигонд. Уый фæстиуæгæн, бирæ штаттæ, гæнæн ис, æмæ домой ногæй нымайын, кæцы ноджы фæстиат кæндзæн кæронбæттæн фæстиуæгты хъусын кæнын.