АИШ-ы æмбæлгæ  уагдæттимæ партнерадæй æмæ генералон прокуратурæимæ æмкуыстгæнгæйæ, ПÆК Батумы æрцахста АИШ-ы  æмбæстагы
АИШ-ы æмбæлгæ уагдæттимæ партнерадæй æмæ генералон прокуратурæимæ æмкуыстгæнгæйæ, ПÆК Батумы æрцахста АИШ-ы æмбæстагы

Паддзахадон æдасдзинады куыст, генералон прокуратурæимæ æмгуыстгæнгæйæ, Америкæйы Иугонд Штатты   æмбæлгæ   уагдæттимæ партнерады  бындурыл, горæт  Батумы уагъд  специалон  операцийы  фæстиуæгæн   АИШ-ы   иу æмбæстагы æрцахста.  Информаци уый фæдыл хъусын кæны ПÆК.

Уагдоны хъусинагæй,  æрцахстуæвæг   гоймаг,  æнахомы ныхмæ   сæрмагондæй  уаззау категорийы  фыдракæды  фактыл  Америкæйы Иугонд ШТатты  Айдахойы  штаты  æмбæлгæ  куыстæм агуырды ис.

«Америкаг  партнерты æрдгæй  æхсæнадæмон æмгуыстады  фæлгæтты  æркуырд  мадзæлтты фæстиуæгæн,  ист æрцыд   æрцахстуæвæг гоймагы   сæрмгаонд дзаумæттæ, сæ нмыæцы   электронон  информаци дарæг мигæнæнтæ,  портативон  компьютер æмæ æндæр типы специалон  нысаниуæгы электротехникæ.

Æрцахстуæвæг гоймагы  æрдæм  сыххæст уыдзæн  барадон  арзæйдтытæ  АИШ-æим йæ дарддæры экстрадицийы  æмæ ист  дзаума бæлвырдгæнæнты хуызæй адæттыны  нысанæн» – дзырдæуы  ПÆК-ы  ахæлиугонд  фидиуæны.