АИШ-ы æмæ Турчы президенттæ, дыууæфарсон ахастыты фæарфдæр кæныны фæдыл фæныхас кодтой
АИШ-ы  æмæ Турчы  президенттæ, дыууæфарсон  ахастыты фæарфдæр кæныны фæдыл фæныхас кодтой

АИШ-ы  æмæ Турчы    президенттæ  Сирийы   конфликтыл æмæ дыууæфарсон  ахастыты фæарфдæр кæныны фæдыл фæныхас кодтой.  Дональд Трамп  æмæ Реджеб Тайип Эрдогъаны æхсæн   телефонон   ныхас  сырæзт. Касты сæйраг темæ  уыд СИрийы  сахар  Манбиджы æмæ   æмæ  Идлибы  регионы уæвæг  уавæр.

Агентад Anadolu-ы информацийæ,  дыууæ бæстæйы президентты æрныхас кодтой цæмæй  дыууæфарсон  æмæ регионон  фарстатæм гæсгæ,  адарддæр кæндзысты  къуындæг контакт.  Туркаг медийы  хъусинагæй  Трамп æмæ Эрдогъан  Синагогæйыл сæххæст бырст бафаудтой.

Параллеонæй  бæрæг ссис  цæмæй  СИрийы  сахар Манбиджы  америкаг  æмæ  туркаг æфсæддæттæ  иумæйаг   патрул кæныны  фыццаг  этап   райдыдтой.

Бадзырдмæ гæсгæйæ,  курдæгты  æфсæддон  къордтæ,   кæцыты Турк  террористон организацийæ  нымайы,   сахар  хъуамæ  ныууадзой.