АИШ-ы æфсæддон бæрæгдзау агентад Уæрæсейæ цæугæ æртхъирæнты фæдыл хыгъдлæвæрд æрцæттæ кодта
АИШ-ы æфсæддон бæрæгдзау агентад Уæрæсейæ цæугæ æртхъирæнты фæдыл хыгъдлæвæрд æрцæттæ кодта

АИШ-ы  хъахъхъæнынады  департаменты  бæрæгдзау  агентад  глобалон   тасы фæдыл  2021  азы   хыгъдлæвæрд  æрцæттæ кодта.  Документы мидæг акцент  арызт у Уæрæсе æмæ Китайæ цæугæ  тасы фæдыл, афæтма нервон-агент  «Новичок»-ы тыххæй.

Хыгъдлæвæрды  дзырдæуы, цæмæй  Кремльмæ ис æнæдеклариргонд химикон  хæцæнгарзы   æвæрæнтæ, цахæм дæр   цæвиттонæн у  «Новичок». Афтæма АИШ-ы  сæйраг ныхмæлæууæгыл нымад сты    Уæрæсе æмæ Китай, кæцытæ,  хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,   архайынц   ахæм фæрæзтæ сæвзæрын кæнын, кæц2ыты фæрцы  Вашингтоны  æфсæддон уæлидзинадæн  быцæусидт арвитдзысты.  Дзырæдуы   марионетон  тыхты æмæ  æххуырст хæцджытæй  арахайдыл,   киберлæбурдтытæ, информацион   манипуляциты, конкуреттты экономикон амалхъомдзинад фæлæмæгъ кæнын æмæ   æндæр   мадзæлтты  фæдыл.

Документмæ гæсгæйæ,  уырыссаг æфсæддон тыхтæ  нымад  цæуынц  сæйраг тасæй  æнææрмæст АИШ-æн, фæлæ ма  уыцы  типы  инструментæй,  кæцыйæ  архайæ  сурзæххыл сыхаг бæстæтыл æнæвдадæн.

Хъусдард  здæхт уыд  уыцы æрдæм  дæр, ома Кремль архайы   уæлæндæвд скæнын йæ сыхæгтыл æмæ НАТО-йы  уæнг бæстæты  мидполитикæйыл, уый нымæцы  коронавирусæй  спайда кæна  информацион  хæст  ауадзынæн æмæ   бынæтон   хицауадтæ  фæлæмæгъ кæнынæн.