АИШ Уæрæсейæн финансон системайы ныхмæ уæлæмхасæн санкцитæ нысан кæны
АИШ Уæрæсейæн финансон системайы ныхмæ уæлæмхасæн санкцитæ нысан кæны

АИШ Уæрæсейæн финансон системайы ныхмæ уæлæмхасæн санкцитæ нысан кæны

Уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты фидиуæны ис фыст.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, АИШ-ы хæзнайы департамент фæсарæйнаг активты контролы офис АИШ-ы æмбæстæгтæн фæтобæ кодта алы хуызы транзакци Уæрæсейы централон банкъимæ, Уæрæсейы националон фонд Уæрæсейы финансты министрадимæ.

Афтæ дæр уагдон санкцитæ снысан кодта Уæрæсейы  комкоммæ инвестициты фонд, йæ къухбын компани æмæ директор Кирилл Дмитриевæн. Департаменты фидиуæнмæ гæсгæ, Вашингтон æскъуыддзаг райста, цæмæй фæмацы кæна Уæрæсейы фадаттæ спайда кæна æппæтдунеон резервтæ, афтæ дæр фæмацы кæна Уæрæсейы къухбаххæст фондтæм, цæмæй Украинайы ныхмæ хæсты ма уой пайдагонд.