АИШ æмæ Евроцæдис парламенты уæнгтæм иууылдæр, æрсидтысты, цæмæй сæ къуых бафыссæт бадзырдыл
Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары/еврокомиссийы вице-президенты пресс-спикер æмæ АИШ-ы паддзахадон департаменты пресс-спикер Евроцæдисы медиацимæ гæсгæйæ, иумæйаг фидиуæн хæлиу кæнынц.
АИШ æмæ Евроцæдис парламенты уæнгтæм иууылдæр, æрсидтысты , цæмæй сæ къух бафыссæт бадзырдыл, кæцыйы абон Европаг Советы президент, Шарль Мишель банхъардзæнис.
«Зæгъæн ис æхсæзмæййон бадзырдты фæстæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ дырысæй равдыстой сæрмагонд хъуыды, ома сæ фæнды политикон къуымауæй раццæуын æмæ алы æвзæрст уæнгы иуæймаг кусын парламенты, бæстæйы раз уæвæг алы серьозон быцæусидты, ковиды æмæ экономикон кризис алыг кæнынæн.
Уый æппæты тыххæй, курæг стæм Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæй алкæмæй, сæ къух бафыссæт бадзырдыл кæцыйы абон Европаг Советы президент, Шарль Мишель банхъардзæнис. Уый у бадзырд, кæцыйы ныр алы уæнг намысджындзинады принципæй хъуамæ бафысса къух. Иуфарсон куырдиæттæ йæ бын къахынц уæрæх фидыдмæ æрцыды нысанæн.
Бадзырдæй бæрæг институцион реформæтæ сты нысаниуæгджын размæ къахдзæф Гуырдзыстоны демократон рæзынадæн æмæ у пайдаджын йæ æмбæстæгтæн. Фæнысангонд реформæтæ ахъаззаг сты бирæ хæдбардæр барадон системæ саразынæн, тыхджындæр æвзарæнон процесстæ æмæ парламент, кæцыйæн йæ бон у хуыздæр равдиса гуырдзиаг адæмы фæнд.
Ацы компромисмæ рацæуынæй алы фарс равдисдзæн æмбаргæдзинад æмæ цæттæдзинад, ома Гуырдзыстоны æмбæстæгты хъæуындзинæдты, кæцыфæнды политикон партиы интерестæй ахсджиагыл кæй нымайдзæнис» – дзырæдуы фидиуæны, кæцы публикацигонд æрцыд Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады веб-фарсыл.
Posted by US Embassy Tbilisi, Georgia on Sunday, April 18, 2021